Ираклий Шотадзе  фембæлдис амеркиаг  эксперт Дэвид Мартинимæ
Ираклий Шотадзе фембæлдис амеркиаг эксперт Дэвид Мартинимæ

Гуырдзыстоны  генералон прокуррор Ираклий Шотадзе, барады фарстæты америкаг   эксперт  Девид Мартинимæ  базонгæй равгы  фембæлд ауагъдта. Информаци хъусын кæны   прокуратурæйы  пресс-куыст.

Фембæлдыл афтæдæр  уыдысты  Гуырдзыстоны  генералон  прокуратурæйы департаментты  минæвæрттæ.  Девид Мартин  базонгæ  ис  сылгоймæгты  æрдæм гендерон   тыхдзинады æмæ  хæдзарон  фыдракæндты  ныхмæ тохы æрдгæй, прокуратурæйы политикæимæ,  прокуратурæйы куысты  приоритеттимæ, сыххæст реформæтимæ,   цы прогресс ис æмæ  плангонд мадзæлтты фæдыл информациимæ.

Девид Мартин Гуырдзыстнмæ, прокуратурæйы æмæ АИШ-ы  минæварады æххуысæй,  фулбрайты   программæйы фæлгæтты  æрцыд æмæ  æртæкъуырион визиты  фæлгæтты, кусæн фембæлдтæ  ауадздзæн  специализацигонд  прокуррортимæ,  тæрхонгæнджытимæ,  æвдисæны æмæ  зианбаййафæгы  координацигæнджытимæ, адвокаттимæ, сылгоймæгты  æрдæм тыхдзинады æмæ хæдзарон   фыдракæндты фарстæтыл  кусæг  æндæр уагдæттимæ. Афтæма  ауадздзæн   тренерты  ахуыртæ  ардхæрд тæрхонгæнджыты тæрхоны, хæдзарон  тыхмидзинады, æрдмæ гæсгæ  фыдракæнт  фарстæтыл  специализацигонд прокуррортимæ.  Визиты фæлгæтты плангонд у  мультисекторон  кусæн фембæлд   сылгоймæгты  гендерон  тыхмидзинады æмæ  хæдзаронг фыдракæнды  ныхмæ тохы темæйыл