Ираклий Шотадзе киберфыдракæнды сферæйы АИШ-ы расттæрхоны департаменты эксперттимæ фембæлдис
Ираклий Шотадзе киберфыдракæнды сферæйы АИШ-ы расттæрхоны департаменты эксперттимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны  генералон  прокуррор, Ираклий Шотадзе   киберæдадсзинады  сферæйы  АИШ-ы расттæрхоны  департаменты  эксперттимæ фембæлдис. Информаци хъусын кæны  прокуратурæйы  пресс-куыст.

Уагдоны информацийæ, генералон  прокуратурæйы ацæугæ  фембæлдыл, генералон прокурроры хæдивджытæ,   прокуратурæйы минæвæрттæ, Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæварады  уынафæгæнæг  Лена  Оуэнс, киберфыдракæнды фæдæвзарыны сферæйы  эксперттæ  Эндрю  Жигиелск, Кристофер Вонгс, Том Догхертс æмæ Никхил Бхагатс  уыдысты.  Фарсытæ  киберфыдракæнды ныхмæ тохы  эффективондзинад фæхуыздæры  æрдæм мадзæлттыл  фæныхас кодтой, уый нымæцы  криптовалютæйы  фыдракæндимæ баст  цыппар бонон тренингы  фæдыл, кæцы АИШ-ы  расттæрхоны департаменты  æххуысæй, Гуырдзыстоны  генералон прокуратурæйы 17-20  зæрдæвæрæны ацæудзæн.

Киберфыдракæндимæ тохы эффективондзинады стынг кæныны нысанæн, Гуырдзыстоны прокуратурæ æмæ  АИШ-ы расттæрхоны департаменты  æмгуыстадæй,   фидæны дæр бирæ  нысаниуæгджын ахуырадон мадзал ауадзын план кæны.