Ираклий Къобахидзейы  куырдиатæй, зæгъгæ фæдæвзарæг комисси «Гуырдзиаг Бæллиццы» пайдайæн уæлвæз фæнды 1% дæр рабæрæг кæндзæн, уæд  уæлрадон æвзæрстытæ снысан уыдзысты
Ираклий Къобахидзейы куырдиатæй, зæгъгæ фæдæвзарæг комисси «Гуырдзиаг Бæллиццы» пайдайæн уæлвæз фæнды 1% дæр рабæрæг кæндзæн, уæд уæлрадон æвзæрстытæ снысан уыдзысты

Фыццаг æмбырдыл  парламентон фылдæртæ  2020 азы   парламентон æвзæрытсты  бацахуыргæнæг рæстæгмæ  фæдагурæг  комисси  сараздзæн –  уый фæдыл  «Гуырдзиаг Бæллиццы»   æххæстгæнæг   нымæрдар  Ираклий Къобахидзе  райхъусын кодта.

Афтæма йæ  ныхæстæм гæсгæ,  комиссийы  куыстмæ баиу кæнынæн  бахондзысты  алы  цымидисджын  субъекты, сæ нымæцы  хæдбар экспертты дæр, æнæхицауадон организациты æмæ  æхсæнадæмон партнерты. Къобахидзейы  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   комиссийы  куыстмæ  баиу уыдзысты   парламентон партитæ дæр.

«Комисси ифтонг кæндзæн  æвзæрстыты æххæстаргъджын  аргълæвæрд æндæр æмæ æндæр инструменттæй,  сæ нымæцы   фадугыты  масштабон  ногæй бахыгъд.  Кæд  фæбæрæг ис  фæнды иупроцентон,  хахх кæнæм, иупроцентон хъауджыдæрдзинад  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  пайдайæн (уырнæг стæм, цæмæй  0.1% дæр нæ уыдзæн)  уæд «Гуырдзиаг Бæллицц»   снысан кæндзæн уæлрадон æвзæрстытæ.  Уымæ дарддæр ма, куыд  «Гуырдзиаг Бæллиццы» æвзарæнон штабы  къухдариуæггæнæг, æххæст  бæрнæй  хъусын кæнын,  цæмæй ахæм цауы  алы  политикон  постæй мæхи суæгъд кæндзынæн  æмæ политикон куыст  бынтон ныууадздзынæн» – райхъусын кодта  Къобахидзе.

Ираклий Къобахидзе абон  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  офисы   ауагъдта брифинг.  Йæ ныхæстæм гæсгæ,    парламентон   фылдæртæ  мандатты  сæ куырдиæтты  бындурыл бауромдзысты  алы  депутатæн, чиндæриддæр   не сфæнд кодта кæнæ нæ бафæрæзта,  оппозицийы радикалон лидерты  растады  сценарийæн йæ ныхмæ слæууын.