Ираклий Къобахидзе - Цæттæ стæм АИШ-имæ стратегион партнердзинад сног кæнын конкретон фæндагон картæйæ, кæцы дыууæ бæстæйæн дæр пайда æвдисдзæн, æнхъæлмæ кæсæм æмбæлон къахдзæфтæм
Ираклий Къобахидзе - Цæттæ стæм АИШ-имæ стратегион партнердзинад сног кæнын конкретон фæндагон картæйæ, кæцы дыууæ бæстæйæн дæр пайда æвдисдзæн, æнхъæлмæ кæсæм æмбæлон къахдзæфтæм

Мах цæттæ стæм АИШ-имæ стратегион партнерад сног кæнын, уымæй уæлдай ма, ацы хъуыддаг саразын конкретон фæндагон картæйæ, кæцы дыууæ бæстæйæн дæр пайда æвдисдзæн, æнхъæлмæ кæсæм æмбæлон къахдзæфтæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе парламенты æрвылазон хыгъдлæвæрды рæстæджы расидтис.

Къобахидзейы ныхасмæ гæсгæ, фæстаг ивæндзинæдтæ фæстагмæ ахъаз уыдзысты ахастыты сног кæнынæн.

«АИШ-имæ ахастытæ махæн, кæй зæгъын æй хъæуы, сты иттæг нысаниуæгджын приоритет.Куыд зонут афтæмæй ацы темæйыл сарæзтам æхсæнадон расидæн.Цæттæ стæм АИШ-имæ стратегион партнердзинад сног кæнынмæ æмæ уымæй уæлдай ма цæттæ стæм ацы хъуыддаг сæххæст кæнын конкретон фæндагон картæйæ, кæцы дыууæ бæстæйæн дæр пайда уыдзæн.Æнхъæлмæ кæсæм æмбæлон къахдзæфтæм.

Минæварадты æрдæм тынг нысаниуæгджын къахдзæфтæ арæзт æрцыд. Се ‘хсæн нысаниуæгджын уыд уый, цæмæй АИШ-ы Гуырдзыстоны минæвар снысан ис. Мах уырны, цæмæй ацы фæстаг ивæндзинæдтæ фæстагмæ ахъаз уыдзысты æмахастыты сног кæнынæн æмæ ныфс дарæм, цæмæй Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн стратегион партнердзинад сног уыдзæн» -расидтис Ираклий Къобахидзе.