Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, Китайы æмбæстæгтæн, абонæй æнæвизæ режим скусдзæн
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй, Китайы æмбæстæгтæн абонæй æнæвизæ режим скуыста.
Уый фæдыл Ираклий Гъарибашвили хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Хицауады сæрдары дзырдæй, зæгъгæ китайаг туристтæ дунейы сегасдæр фæндон туристтыл нымад цæуынц.
«Махæн туризм у иттæг нысаниуæгджын. Фарон æртæ миллиард 500 милуан доллары бæрц комкоммæ фтиаг райстам туризмæй. Ацы аз æнхъæл стæм ноджы фылдæрæй. Кусæм æндæр базартыл. Фæнды нæ фылдæр туристы фæхонæм бæстæмæ.
Тынг æнтыстджын визит мын уыд Китайы æмæ Китай абон у дунейы дыккæгæм экономикæ, тынг фидар экономикæ у. Махæн иуæй-иу сæйраг интерес у Китайимæ базарадон-экономикон ахастыты стынг кæнын, фылдæр инвестицитæ æрбаласын Китайæ, фылдæр туристы æркæнын Гуырдзыстонмæ, ацы нысанæн уыдис мæ визит.
Рахастам уынаффæ, цæмæй Китайы æмбæстæгтæн абонæй æнæвизæ режим скуса. Æмбæлгæ барамынд рауадздзынæн абон. Уый уыдзæн иттæг нысаниуæгджын, æмæ ноджы фылдæр туристы æркæнынæн ахъаз. Фæнды мæ зæгъын, цæмæй китайаг туристтæ дунейы иуæй-иу сеппæтæй фæндон уазджытыл цæуынц нымад. Ис нын комкоммæ тахтытæ дæр. Уыдис мын Китайы премьеримæ ныхас туризмыл æмæ тахтыты фарстайы фæдыл дæр. Фæнды мæ банысан кæнын, Китайы хицауады æмæ сæ системæйы эффективондзинад. Цалдæр бонмæ экономикæйы министрмæ æрцæудзæн делегаци конкретонæй комкоммæ авиарейсты фарстайы тыххæй. Премьеримæ мæ фембæлдæй 2-3 бонмæ нырид делегаци рарвыстой Китайæ. Фæнды нæ, цæмæй бафтауæм фылдæр рейс, комкоммæ тазтæ Китайæ. Фылдæр туристтæ нæ хъæуы æнæрмæст Китайæ, фæлæ ма æндæр бæстæтæй дæр, фылдæр турист фена нæ диссаг, уникалон бæстæ, культурæ, нæ адæмы æмæ мæммæ гæсгæ уыйæппæт приз цæуы адæмы æмæ бæстæйы фарнæн», – райхъусын кодта Гъарибашвили.