Гуырдзыстоны æмæ Турчы Респбуликæйы æхсæн уæвæг стратегион партнерад, базарадон-экономикон ахастытæ, дунейы æмæ Кавказы регионы уæвæг æдадсзинады уавæр уыд Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили æмæ Турчы Республикæйы президент Реджеб Тайип Эрдогъаны фембæлдты сæйраг æркæсинаг фарстатæ.
Премьер-министр пресс-куысты информацийæ, Нью-Йоркъы ИНО-ы генералон ассамблейы фæлгæтты ацæугæ фембæлдыл, бахахх ис дыууæ бæстæйы æнгом хæларон æмæ партнерон ахастыты нысаниуæг. Бынысан ис фæстаг азты дыууæ бæстæйы стратегион партнерады нысаниуæгджын фæстиуджытæ, бæрзонд æмвæзады дыууæфарсон ахастыты политикон динамикæ æмæ регионон-геостратегикон равгы проектты Гуырдзыстон æмæ Турчы Республикæйы архайд æмæ активон æмгуыстад.
«Æркæсинаг фарстаты æхсæн уыд Украинайы цæугæ хæст æмæ уый фæстиуæгæн, Дунейы æмæ регионы уæвæг вазыгджын уавæр æдасдзинады æрдгæй. Бахахх ис регионы дарддæры райрæзты æмæ дæргъвæтин фарæнæн хъæугæ сабырдзинады æмæ стабилондзинады нысаниуæг»,- банысангонд у премьер-министры пресс-куысты информацийы.
Афтæма сæ информацийæ, премьер-министр Турчы президенты Гуырдзыстонмæ фæхуыдта.