Ираклий Гъарибашвили Гуырдзыстоны Норвегийы Паддзахады сæрмагонд æмæ æххæстаргъджын минæваримæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Норвегиайы, паддзахады сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæваримæ Гуырдзыстоны Берглиот Ховландимæ фембæлдис.
Премьер-министры пресскуысты информацийæ, базонгæйы равгы фембæлд хицауады администрацийы ацыд.
Хицауады сæрдар Норвегиаг дипломатæн постыл снысан кæныны фæдыл раарфæ кодта æмæ йын йæ куысты фидæны æнтыстытæ ракуывдта. Афæлгæстой Гуырдзыстоны æмæ Норвегийы Паддзахады æхсæн уæвæг ахастытæ æмæ æмгуыстады фидæны перспективæтæ.
Премьер Норвегийы паддзахады минæварæн раарфæ кодта Норвегийы Падзахадæй æнæцудгæ фарсдарыны тыххæй Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады, афтæма æнæбанымады политикæйы тыххæй. Фæнысан ис, цæмæй Гуырдыстон бæрзонд аргъ кæны Норвегийы куыд, иуæй-иу ставд æхсæнадæмон донноры, бирæазон æмархайд Гуырдзыстоны. Бахахх ис Гуырдзыстоны æмæ Норвегийы Падздахады æхсæн ахастыты фæарфдæры динамикæ, сæрмгаондæй та политикæйы, хъахъъхæнынады æмæ æдадсзинады, ахуырады æмæ культурæйы сферæты.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министры пресскуыст.