Ираклий Къобахидзе  фембæлдис Норвегийы  минæвар Берглиот Ховландимæ
Ираклий Къобахидзе фембæлдис Норвегийы минæвар Берглиот Ховландимæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе  Гуырдзыстоны Норвегийы  паддзахады  сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Берглиот Ховландимæ фембæлдис.

Хицауады администрацийы  хъусинагæй,   фембæлдыл ныхас  уыд  Гуырдзыстоны æмæ Норвегийы æхсæн  дыууæфарсон  ахастытыл æмæ æндæр æмæ æндæр сферæйы æмгуыстадыл; банысан ис  цæмæй Норвеги   Гуырдзыстоны хæлар бæстæ æмæ нæфæсайгæ партнер у.

«Æркастысты  бæстæты  æхсæн æмгуыстад  политикæйы, экономикæйы, базарады,  хъахъхъæнынады æмæ æдадсзинады  æрдгæй.  Хаххгондæй банысан ис  Норвегийы æххуысæй   ахуырады  сферæйы  сæххæстгонд проекттæ, афтæма  фæстиуæгджын   æмгуыстад   культурон бындарады хъахъхъæды æрдгæй.

Хицауады  сæрдар   Берглиот Ховландæн Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн  Норвегийы  Паддзахады  æххуысы тыххæй бузныг  загъта» – банысангонд у  информацийы.