Ираклий Гъарибашвили фембæлдис «Демократийы Националон Фонды» сæрдаримæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили «Демократийы Националон Фонды» сæрдар Кеннет Уолакимæ фембæлдис.
Хицауады администрацийы ацæугæ фембæлдыл Гуырдзыстоны æмæ «Демократийы националон фонды» æхсæн уæвæг æмгуыстады динамикæ афæлгæстой.
Æркæсинаг фарстаты æхсæн уыд Гуырдзыстоны æмæ АИШ-ы стратегион партнерады сæйраг æрдæмадтæ. Премьер-министр куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстон АИШ-æн æууæнкджын партнер æмæ иузæрдыг æмцæдисон у регионы æмæ йæ арæнтты æддæйæ.
Ныхас уыд бæстæйы цæугæ æмæ сыххæст реформæтыл, банысан ис цæмæй гуырдзыстоны хицауад удцырын у баххæсса дарддæры прогрессмæ уыцы реформæты æрдгæй, кæцытæ ахъаззаг уыдзысты Гуырдызстоны евроатлантикон интеграцийæн. Бахахх ис, бирæ сферæйы уагъд нысаниуæгджын реформæтæ, кæцыты фæстиуджытæ фæзындис æхсæнадæмон рейтингты æмæ аргълæвæрдты.
Фембæлдыл уыдысты «Демократийы Националон Фонды» программæйы хистæр менеджер Ян Макгиннит æмæ хицауады админстрацийы хистæр Реваз Джавелидзе.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны премьер-министры пресскуыст.