Парламенты æддæ ахастыты комитеты делегаци АИШ-ы демократийы  националон фонды минæвæрттимæ фембæлдис
Парламенты æддæ ахастыты комитеты делегаци АИШ-ы демократийы националон фонды минæвæрттимæ фембæлдис

АИШ-æм  официалон визиты фæлгæтты, парламенты фæсарæн ахастыты  комитеты  делегаци,  комитеты  сæрдар  Николоз Самхарадзейы  къухдариуæгæй  АИШ-ы демократийы националон фонды (NED) президент, Деймон Вилсоны  æмæ фонды  сæрдары  Кеннет  Волакимæ фембæлдис.

Парламенты пресскуысты информацийæ,  фембæлдыл   фарсытæ  æркастысты  Кавказы  регионы   уæвæг  æдасдзинады  расидтытæ,  Уæрæсейы  æрдгæй  Гуырдзыстоны  территориты оккупаци, АИШ-Гуырдзыстоны  ахастытæ, Гуырдзыстоны 2024 азы  парламентон æвзæрстытæ  æмæ разæвзарæнон   уавæр  æмæ  «фæсарæйнаг æдæвдады  æргомдзинады фæдыл» закъонопроект.

Афтæма сæ  хъусинагæй,   хъусдард  здæхт уыдис  Евроцæдисмæ  интеграцийы процессыл  Евроцæжисимæ  бадзырдты райдаыны   нысаниуæгыл.

Гуырдзыстоны парламенты æддæ ахастыты  комитеты  делегацийы  сконды сты: æддæ ахастыты комитеты  сæрдар  Николоз Самхарадзе, æддæ ахастыты  комитеты  сæрдары хæдивæг  Давит Зилпимиани  æмæ æдæ ахастыты  комитеты уæнг Рамаз Николеишвили.