Ираклий Гъарибашвили фембæлдис «Демократийы  Националон Фонды»  сæрдаримæ
Ираклий Гъарибашвили фембæлдис «Демократийы Националон Фонды» сæрдаримæ

Гуырдзыстоны  премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили   «Демократийы  Националон Фонды» сæрдар  Кеннет  Уолакимæ фембæлдис.

Хицауады  администрацийы   ацæугæ   фембæлдыл   Гуырдзыстоны æмæ   «Демократийы националон  фонды»  æхсæн  уæвæг  æмгуыстады  динамикæ афæлгæстой.

Æркæсинаг фарстаты  æхсæн  уыд Гуырдзыстоны æмæ АИШ-ы   стратегион   партнерады  сæйраг   æрдæмадтæ. Премьер-министр куыд банысан кодта афтæмæй,   Гуырдзыстон АИШ-æн  æууæнкджын партнер æмæ   иузæрдыг æмцæдисон у  регионы æмæ йæ арæнтты æддæйæ.

Ныхас уыд  бæстæйы цæугæ  æмæ сыххæст  реформæтыл, банысан ис  цæмæй  гуырдзыстоны  хицауад   удцырын у  баххæсса дарддæры прогрессмæ  уыцы реформæты  æрдгæй, кæцытæ   ахъаззаг уыдзысты  Гуырдызстоны  евроатлантикон  интеграцийæн.  Бахахх ис, бирæ  сферæйы  уагъд   нысаниуæгджын   реформæтæ, кæцыты  фæстиуджытæ  фæзындис  æхсæнадæмон рейтингты æмæ аргълæвæрдты.

Фембæлдыл уыдысты  «Демократийы  Националон Фонды» программæйы  хистæр менеджер  Ян Макгиннит  æмæ  хицауады  админстрацийы  хистæр Реваз Джавелидзе.

Информаци хъусын кæны  Гуырдзыстоны  премьер-министры  пресскуыст.