Ираклий Гъарибашвили – 2026 азы онг, æрвылазонæй, минимум 10%-æй фæфылдæр уыдзæн падзахадон гæсты мыздтæ, æввахс 3-4 азы мидæг мыздты рæзт уыдзæн 50% бæрæггææнæнæй
2026 азм æрвылазонæй минимум 10%æй сбæрзонддæр уыдзæн хицауадон секторы кусджыты мыздтæ æмæ æмтгæй райсгæйæ рацæудзæн 50% рæзт æввахс 3-4 азы дæргъы – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили райхъусын кодта хицауады рабадтыл.
Гъарибашвили куыд банысан кодт афтæмæй, сентябры хицауад парламентмæ баздæхдзæн æмæ бюджеты коррекци скæнын æркурдзæн.
«Бюджет райрæздзæн уымæн æмæ ахæм бæрзонд экономикон райрæзты тыххæй, уæлæмхас æфтиæгтæ фæзындис паддзахадмæ. Цæй зæгъын æй хъæуы фылдæр суммæтæ нын уыдзæн райуаринаг уагдæттæм гæсгæйæ æмæ фылдæр проекттæ сфинанс уыдзæн. Уый нын афтæдæр дæтты фадат цæмæй паддзахадон секторы кусджытæн сæ мыздтæ фæфылдæр кæнæм, 2017 азæй 2020 азмæ практиконæй иу афæдз дæр нæ уыд мыздты рæзт секторы, кæцы мæ хъуыдымæ гæсгæ, стыр рæдыд уыд. Куысты мыздты æрдгæй хицæн секторæй фæстæзады бæрæггæнæн æгæр бæрзонд у, уый тыхæй хъæуы уый сраст кæнын.
Мæ барамындæй ацы аз январы, райдыдтам уый раст кæнын. Январы мыздтæ 10%-æй райрæзтысты алы падздахадон секторы кусæгæн. Цæрджытæн мæ фæнды зæгъын, цæмæй махмæ уыдзæн сабырдзинад æмæ бæрзонд экономикон рæзт, кæцы нысан кæны фарн нæ æмбæстæгтæн æмæ бæстæйæн» – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.