Ираклий Чиковани  визитæй  Сомихыстоны ис
Ираклий Чиковани визитæй Сомихыстоны ис

Гуырдзыстоны хъахъхæнынады министр Ираклий Чиковани официалон визитæй  Сомихыстоны Республикæйы  ис.

Ираклий Чикованийæн  фысым кæны  Сомихыстоны хъахъхъæнынады министр Сурен Папикян. Официалон размæ рацыды церемонийы фæстæ, коллегæтæ Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны æхсæн хъахъхъæнынады сферæйы   æмгуыстады   фарстатæ  дыууæфарсон фембæлдыл æркастысты. Министртæ  сыхаг   бæстæты æхсæн   хæлар ахастыты, регионы сабырады æмæ стабилондзинады  нысаниуæгыл  сцырын кодтой  хъусдард.

Фарсытæ хъахъхъæнынады  сферæйы  æмгуыстады  цæугæ  фарстатæ æмæ   фидæны плантыл фæныхас кодтой.  Фембæлды кæрон   Ираклий Чиковани æмæ Сурен Папикян, Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны хъахъхъæнынады уагдæтты æхсæн  2024 азы  дыууæфарсон  æмгуыстады  план бафыстой.

Официалон визиты фæлгæтты Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министр Сомыхистоны Республикæйы  премьер-министр Никол Пашинянимæ фембæлдзæн.

Информаци хъусын кæны  хъахъхъæнынады министрады пресскуыст.