Ираклий Чиковани Украинайы хъахъхъæнынады контактон къорды фембæлды райста хайад
Ираклий Чиковани Украинайы хъахъхъæнынады контактон къорды фембæлды райста хайад

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр, Ираклий Чиковани   Бельгийы  Украинайы хъахъъхæнынады контактон  къорды радон фембæлды райста хайад.  Информаци хъусын кæны  Гуырдзыстоны хъахъхæнынады министрад.

Брюсселы æхсæнадæмон корды  радæй  23-æм фембæлд НАТО-ы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг   æмæ  АИШ-ы хъахъхъæнынады  нымæрдар Ллойд Остин  байгом кодтой.   Фембæлды  Украинайы  фарсхæццæг   бæстæты хъахъхъæнынады  уагдæтты  къухдариуæггæнæг уæнгтæ æмæ бæрзонддæр рангы   официалон уæнгтæ уыдысты.

Æхсæнадæмон къорды уæнгтæ  Украинайы  Уæрæсейы  агрессйы  фæстиуæгæн сырæзт  уавæр æмæ цæугæ  хæсты   Украинайæн  координацигонд æфсæдон  æххуысы  хъæуындзинæдтæ  афæлгæстой. Украинайы  хъахъхъæыннады контактон   къорд  Америкæйы Иугонд Штатты  инициативæйæ, 2022 азы  апрелы   уыд арызт æмæ Украинайы  фарсхæцæг 50-йæ фылдæр бæстæ иу кæны.