Ираклий Чиковани  Гуырдзыстоны Польшæйы минæваримæ æмæ хъахъхъæнынады атташеимæ  фембæлдис
Ираклий Чиковани Гуырдзыстоны Польшæйы минæваримæ æмæ хъахъхъæнынады атташеимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Ираклий Чиковани  Гуырдзыстоны  аккредитацигонд   минæвæрттимæ базонгæйы  равгы  фембæлдтæ уадзы.

Хъахъхъæнынады министрады информацийæ,  хъахъхъæнынады министр   Гуырдзыстоны Польшæйы  Республикæйы минæвар Мариуш  Машкевичæн  сфысым кодта.

«Фарсытæ  Гуырдзыстоны æмæ Польшæйы  æхсæн  хъахъхъæнынады сферæйы  уæвæг   æнтыстджын æмгуыстады æмæ  фидæнон  планты фæдыл   фæныхас кодтой.   Хъахъхъæнынад минстр   польшайаг дипломатимæ  НАТО-Гуырдзыстоны  бындурон пакеты  (SNGP) бæрæг инициативæты сыххæсты  процессы, афтæма Евроцæдисы цæстдарæг миссийы  (EUMM) Польшæйы  хайбавæрдыл фæныхас кодта.

Банысан ис æфсæддон ахуыры  сферæйы  æмгуыстад, бирæнацион  ахуырты  иумæйаг  хайад æмæ æмгуыстад  æфсæддон-кондадон  сферæйы»,   –  банысангонд у хъахъхъæнынады министрады информацийы.