Ираклий Чиковани - Нырма æхсæнадон транспорт скусын кæныны кой нæ кæнæм
Ираклий Чиковани - Нырма æхсæнадон транспорт скусын кæныны кой нæ кæнæм

Нырма æхсæнадон транспорт скусын кæныны кой дæр нæй,  уый  баст у  эпидемиологион уавæримæ  æмæ эпидемиологтимæ иумæ   рахæсдзытæм уынаффæ, –  уый фæдыл премьер-министры  уынаффæгæнæг   Ираклий Чиковани   хъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  райсомæй  зæгъгæ æхсæнадон транспорт не скусдзæн.

«Ис нын ног реалондзинад, кæцы  концентриргонд æмæ ориентацигонд у  COVID 19-ы контролы  æмæ йæ механизмты æрдæм.  Уый  арæнæвæрдæй ма хъуамæ банымайæм,  уый  у,  цæмæй нæ бæстæйы ног  эпидстынд  ма уа  уый  тыххæй,  бæстæйы  фæрынчынуæвджыты  куыд гæнæн ис,  афтæ  къаддæр нымæц  цæй  уа  уыцы уавæр къухаразынæн. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, уый  менеджмент  хъуамæ  уа адекватон.  Ацы  къахдзæфтæ  дæттынц  фадат, цæмæй куыд цырдæй, оперативонæй  æмæ фæстиуæгджынæй  бахъом стæм  COVID 19-ы контрол кæнын,  афтæ  цырдæй  æмæ  эффективонæй  бафæразæм  нæ  экономикæ  фегом кæнын  æмæ  хуымæтæг режиммæ æрыздæхын.  Фæлæ  ацы  хуымæтæг режим хъауджы  уыдзæн,   кæцыйы  зæрдыл бадарын бахъæудзæн алкæй дæр», –  райхъусын кодта Ираклий Чиковани.