Ираклий Чиковани - нæхи цæттæ кæнæм эпидемийы пикъы фазæмæ бахизынмæ
Ис нын мид кластерты нысаниуæгджын ауæрæх æмæ фактиконæй, нæхи цæттæ кæнæм эпидемийы пикъы фазæмæ бахизынмæ – уый фæдыл координацион советы рабадты фæстæ, премьеры уынаффææнæг, Ираклий Чиковани райхъусын кодта.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, хицауады зноны скуыддзагæй, ноджы карздæр кæнынц арæнæвæрдтæ, сæрмагондæй та стыр горæтты – Тбилисы, Руставы, Кутаисы æмæ Батумы.
«Абон 21:00 сахатæй, фæтобæ уыдзæн ацы горæттæм бацыд æмæ рацыд. Цæй зæгъын æй хъæуы уыдзæн уæлвæтктæ дæр. Ацы муниципалитетмæ бацæуыны бар уыдзæн уыцы æмбæстæгтæн, чидæриддæр бынатыл сты регистрацигонд, фæлæ 10 боны дæргъы ацы мцниципалитетты ныууадзыны бар сæм нæ уыдзæн» – фехъусын кодта Ираклий Чиковани.