Ираклий Антадзе – махæн сæйраг фарста у æнæзакъонон ахсты уæвæг æмбæстонты ссæрибар кæнын, Эргнеты фембæлдыл баинтерес стæм, цы перспективæйы æнхъæл хъуамæ уæм, уыдис дзы бæрæг сигналтæ
Эргнеты инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмты къорды радон фембæлд ацыд. Куыд фæнысан ис афтæмæй, абоны фембæлдыл касты фарста уыд Карелы муниципалитеты хъæу Чъвринисы цур 21 апрелы æрцæугæ инцидент, кæцыйы рæстæджы, ПÆК-ы информацийæ, Уæрæсейы оккупацион тыхтæ Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстагы æнæзакъононæй æрцахсын бахъавыдысты.
Централон хицауады минæвæрттæ æрцæугæйыл фæдагуырд æмæ инциденты хайадисæг оккупацион тыхты минæвæртты идентификаци æркуырдтой. Уыимæ ПÆК-ы аналитикон департаменты директоры хæдивæг фембæлды фæстæ куыд райхъусын кодта афтæмæй, æнæзакононæй ахст Гуырдзыстоны æмбæстæгты ссæрибар кæныны фæдыл бæрæг æнхъæлцытæ ис, фæлæ Ираклий Антадзе деталтыл нæ фæныхас кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ фембæлдыл ныхас уыд æнæзакъонон бордеризацийы факттыл дæр. Æдадсзинады фарстатимæ иумæ, фембæлдыл гуманитарон фарстатæ дæр æркастысты. Централон хицауады минæвæрттæ а.х. ахизæн пункттыл дæсбонон æмгъуыды адарддæр кæнын кæнæ та бынтон байгом кæнын æркуырдтой.