Ираклий Антадзе - Эргнеты фембæлдыл сæвæрдтам æнæзакъонон ахсты уæвджыты ссæрибаркæныны фарста
Оккупацигонд Цхинвалы арæнгæрон, хъæу Эргнеты инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмы фæлгæтты фембæлд ацыд.
Фембæлды фæстæ бæрæг ссис, цæмæй оккупацигонд Цхинвалы абоны æнæзакъононæй ахст Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстагы, Димитри Коринтелийы æмæ Гиорги Меладзейы а.х. тæрхонон процесс цæуы.
ПÆК-ы аналитикон департаменты директоры хæдивæгы, Ираклий Антадзейы фидиуæнæй, фембæлдыл сæйраг фарста уыд Тамаз Гинтурийы марындзинад. Гуырдзыстоны центарлон хицауады минæвæрттæ ноджы иу хатт æркуырдтой марыдзинады хайадисæг уæнгты идентификаци æмæ сæ карз бафхæрын, фæлæ оккупацион режим нырмадæр дæр архайы, цæмæй а.х. арæнхъахъхъæнджытæ закъоны фæлгæтты архайдзысты.
Куыд фæнысан ис афтæмæй, æркастыты Гуырдзыстоны æмбæстæгты æнæзакъонон æрцахсты æмæ а.х. бордеризацийы факттæ. Фæстаг дыууæ мæйы дæргъы оккупацион хаххы цур æнæзакъононæй бордеризацийы факт сфиксир ис, æнæзакъононæй æрцахстой Гуырдзыстоны иу æмбæстагы.
«Айзæлын кодтам нæ позици нулы йас коеффийциенты фæдыл, цæмæй бынæттон цæрджытæн æдæрсгæйæ уа сæ бон оккупацин хаххы дæргъмæ змæлд. Нæ позици у нæивгæ æмæ активонæй кусæм æхсæнадæмон партнертимæ иумæ, цæмæй минимумы онг æрцæуа ацы азар. Тамаз Гинтурийы хъуыддагыл, Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй хайадисджытæй æркуырдтам, бавдыстаиккой ранæуæггонд информаци. Хъыгагæн, уыдонæй райстам традицион дзуапп. Сæрмагондæй та нын загтой, цæмæй фæдаугырд ацыд æмæ а.х. арæнхъахъхъæнджытæ архайдтой сæрмагонд æххæсбрты фæлгæтты. Ахæм позици у мæтæфтауæг йæ цинизмæй. Гуырцъиты Дауыты тыххæй куы зæгъæм, ацы фарста æвæрд уыд, уымæн æмæ бынæтон цæрджытæ сты тарст. Ацы гоймаг у интерполæй агуырды уæвæг фыдгæнæг, кæцы тæрхонмæ лæвæрд у централон хицауады контролгонд террторийыл æмæ уый у серьозон риск æдасдзинады уавæрæн», – райхъусын кодта ПÆК-ы аналитикон департаменты директоры хæдивæг Ираклий Антадзе.