Интерполы æвæндаг æрбайсæфтуæвджыты  номхыгъды 18 гуырдзиаг  ис
Интерполы æвæндаг æрбайсæфтуæвджыты номхыгъды 18 гуырдзиаг ис

Интерполы бур циркуляры системæйы,   кæцыйæ  æвæндаг-æрбайæфт 1, 208 адæймагы агурынц,  18 сты гуырдзиæгтæ. Гуырдзыстоны æмбæстæгты фылдæр  сæ сабибонты фæтар сты,  уы тыххæй  Интерполы  официалон веб-фарсыл,  сæ сабибонты  афоны къамæ сты æвæрд,  нырпыккон кары  та  бавдыст у  æххæстадзыд адæймагы кар.

2004 азы  Кутаисы   гуырд  Нуги Двалишвили, кæцы  фараст аздзыдæй  фесæфт,  ныр 23 аздзыд хъуамæ уа. Фæтаруæвæг гуырдзиаг сывæллоныл  Интерпол агуырд 2006 азæй расидт.

Авд æмæ   аст адзыд  уыдысты  æрбайсæфты рæстæджы  Тамар  æмæ  Гиорги Джанаватæ  абон сыл цыдаит  27 æмæ 28  азы.  Тбилисы гуырд  æфсымæр æмæ йæ хойы 1997 азы  фæстæ  ничиуал федта.  Ныридæгæн 20 аз  у се ссарын нæдæр Интерполæн  нтысы.

Фæтаруæвджыты   номхыгъды   сеппæтæй кæстæр  сывæллоны къам  у  1998 азы, Тбилисы гуырд  Элене  Гарсояны.  Гуырдзыстоны æмбæстаг Францы, авд азы кары  2005 азы  фесæфтис.  Эленейы абоны кар у  19 азы.

Æрнымадгонд сывæллæтты  сæфты хъуыддæгтæй  хъауджыйæ,   фылдæр информаци  ис 2002 азы  24 июлы   Цъхънетийæ скъæфт  15 аздзыд  Мариам  Гигонашвилийы фæдыл.  Ууыл  18 июлы сæххæст уыдзæн 31 азы. Интерполмæ  Мариамы фæдыл дæр  бавдыст ис  æрмæстдæр æрбайсæфтуæвæгы ссарынæн хъæугæ æрмæг,  фæлæ  16 азы   размæ   резонансон  скъæфты детæлттæ   бæрæг  сты медийæн дæр.  Растдæр журналистты   уæд ахæлиугонд информацийы руаджы,  2002 азы  25 июлы,  скæфты дыккаг бон,   скæфджытæ  Мариамы  фыдмæ телефонæй фæдзрттой  æмæ æнахъомы ссæрибар кæнынæн  æркуырдтой  100 000   доллар. Чызджы фыд   æхца  Тбилисы,  бадзырд бынатмæ бахаста, фæлæ  фыдгæнджытæ  сæ дзыдлæвæрд нæ сæххæст кодтой, Мариам не ссерибар кодтой æмæ нал дæр бинонтæм фæдзырттой.

Фæтаруæвджыты  ранымады   ноджы иу 16 аздзыд  гуырдзиаг чызджы  Дареджан  Диасамидзейы  хъуыддаг ис.  Дареджан фондз азы размæ, 2013 азы   Хелвачауры  районы  Ахалшены  хъæуæй фесæфт.

2010 азы 31   октябры Кутаисы  фæтаруæвæг  19 аздзыд  Натиа  Гиоргадзе та хæдзарæй рахызт   йе æмбалæн размæ рацæуыны тыххæй.  Натиайы  цæстдарæн камера  Пушкины уынгыл  сфиксир кодта. Изæрдалынгтæй  ацы территорийæ сау  BMW-ы маркæйы  хæдтулгæ рацыд,  кæцыйы номыртæ  камерæйыл нæ зынынц.

Ника Сагъирашвили  дыууæ азы размæ, 2016 азы 28 майы  оккупацион   хаххы цур  Кордийы хъæуæй  фæтар ис.  Уый  хæдзарæй   донхæр  доны æфсон рацыд æмæ йæ уый фæстæ ничиуал федта.  Бинонтæ æмæ  бынæттон цæрджытæ уырнæг сты, цæмæй Ника Сагъирашвилийы   уырыссаг æфсæддæттæ аскъæфтой.    Нырид  дыккаг аз у,  бинонтимæ иумæ  гуырдзиаг фарс  оккупацион режимæй   Ника Сагъирашвилийы фæдыл информацийы   райсын æнæфæстиуæгæй  архайы.  Эргнеты бадзырдтыл   зæгъæн ис алы  фембæлды рæстæджы  баæуынц æвæндаг æрбайсæфты   ныцарджытæ.   Уыдон уырыссаг æфсæддæттæ оккупацион   арæны дæргъмæ цы  камерæтæ смонтаж кодтой уыдоны ныффыстытæ курынц.  Цхинвалы а.х.   официалон уæнгтæ, 27 аздзыд   æрыгоны  фæтаруыны хъуыддагимæ исты  бастдзинадыл нæ сæттынц.  Ника Сагъирашвилийы  Интерпол  æвæндаг æрбайсæфтуæвджыты  номхыгъдмæ бахаста.

Æхсæнадæмон агуырды уæвы,  2016 азы  фæтаруæвæг    Гемели  Небадзе.  40 аздзыд нæлгоймаг  Аспиндзайы   районы хъæу  Тъолошийæ  Туркмæ кусынмæ  2016 азы 5  августы ацыд.  Æнæниздзинады уавæры тыххæй  йæ, туркаг  фарс  фыдыбæстæмæ раздæхта, фæлæ Небадзе   йæ хæдзармæ нал æрыздæхт.

Интерполы  æвæндаг-æрбайсæфтуæвджыты   номхыгъды ис  2007 азы  21 марты фæтаруæвæг , Тбилисы гуырд  19 аздзыд  Ана Микутишвили  æмæ  Гуырдлзыстоны  æхсæз æмбæстаг,  æххæстаздзыд нæлгоймæгтæ, кæцыты фæдыл  информац  ссарын гæнæн  нæй. Адон сты:

2014 азы Украинæйы, Донецкы  районæй  сæфт  дыууæ гуырдзиаг: Кобулетаг  41 аздзыд  Давит  Шавишвили æмæ Гулрипшы  уырд  35 аздзыд  Гопал Стелян;

2010 азы  32 азы  кары  Турчы  æвæндаг æрбайсæфт    терджолайаг  Гога Хахалеишвили;

2012 азы Канадайы  яхтæйы  фæдæлдоны  фæстæ  фæтаруæвæг  36 аздзыд  Заза Лацабидзе,  кæцы Хашурæй,  фæсарæнтæм  кусынмæ ацыд;

2011 азы  56 азы  кары  Уæрæсейы Федерацийы  æрбайсæфтуæвæг  Гуырдзыстоны æмбæстаг  Владимер  Хошбекян  æмæ ацы азы   49 аздзыд кары  Гуырдзыстоны територийыл  фæтаруæвæг  Малхаз  Къакъашвили  Гурæй.

Интерполы  æвæндаг æрбайсæфтуæвджыты  номхыгъды сеппæтæй  фылдæр  мигъджын   æмæ абоны онг   æнæбæрæг  хъуыддаг æххæссы  дыууæ сывæллонмæ,  æнхъæлцау æфсымæртæм, кæцытæ Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæ сты.  Сæ фесæфыны  бынат та, Интерполмæ гæсгæйæ уыд  Къипры сахар Пафос.

Авд аздзыд Даниел  æмæ 10 аздзыд  Давит  Мухулишвилитæ  2015 азы  фесæфтысты.  Гуырдзиаг  сывæллæтты  æрбайсæфты фæдыл   æндæр хъусинæгтæ  нæй.  Иуæй-иу   æрбайсæфтуæвæгы Давиты  бæрæггæнæнты мидæг бавдыст у фыд , Зураб Мухулишвили, кæцыы  къам  Интерполы веб-фарсыл ис вæрд.

Фотомæ  гæсгæйæ,  Зураб Мухулишвилийы,  фæтаруæвæг хъæбулæй хъуаджыйæ, бургъуыз циркуляры бæсты  Интерпол агуры сырх циркулярæй.  Гуырдзыстоны 43 аздзыд æмбæстаг  Зураб Мухулишвилийыл Интерпол æхсæнадæмон агурд расидт   Къипры  барадхъахъæнæг органты  æркуырдæй.  Мухулишвилийы   ныхмæ аххосæгтæ   сты  закъонон бардзырдмæ æнæкоммæгæсдзинад  æмæ   Къипры фæсарæнтæм  æнахъомты скъæфт.  Фæтаруæвæг  хъæбулы  æмæ агуырды  уæвæг фыды фæдыл æндæр инфомаци,  криминалон полицийы  æхсæнадлæмон  организацийы веб сайтыл  бавдыст нæу.  Афтæдæр æнæбæрæг  у  дыккаг сывæллоны,   Даниел Мухултшвилийы  æмæ   агуырды уæвæг  нæлгоймагы  æхсæн   хицон цæдис.

Даниелы ныййарджыты нæмттæ   Интерполы веб-фарсыл бавдыст не сты.  Æвæндаг æрбайсæфт  сывæллæтты   иунæг  къамыл,  кæцыйы  публикаци кæны   Интерпол,  Давит æмæ Даниел   ноджы иу  се мкаримæ  иумæ  сты ист.