Интернеты гъæды кантролы нысанæй, компанитæ абоненттимæ ног бадзырдтæ хъуамæ бафыссой цыппар мæймæ
Гуырдызстоны коммуникациты регулиргæнæг националон камис интернетлæккады гъæды сбæрæг кæнын æмæ асгæрсты фæткъойты фæдыл уагæвæрд райста.
Коммуникациты регулиргæнæг националон камисы информацийæ, гъæды кантролы райдаыны фæстæ, абоненттæм уыдзæн механизм кæцыйы руаджы регуляронæй сбардзысты интернеты тагъдад.
Афтæма, уыдзæн сæм фадат, басгарой, цас зæрдæмæдзæугæ у провайдер компаниимæ æвæрд бадзырды зæрдылдаргæйæ, интернеты тагъдад, реалон тагъдадимæ. Камисы хъусинагæй, уый фадат дæтты уыцы апликаци, кæцы камис веб-фарсыл алы æмбæстагæн уыдзæн æнцонвадат.
«Камисы ист скуыддзаг, кæцыйы бакуысты баст уыдис алы интересджын фарс, йæ тыхмæ бацæудзæн 15 августæй. Уæдмæ та алы инитернет провайдерæн уыдзæн цыппармæййон æмгъуыд уый тыххæй, цæмæй абоненттимæ æвæрд бадзырдтæ уагæвæрдмæ æмбæлон скæной.
Растдæр уый фæстæ райдайы камис интернеты гъæды кантрол кæнын æмæ 24 сахатон режимæй сгардзæн, куыд хъахъъæнынц компанитæ бадзырдæй зæрдылдард домæнтæ æмæ цас хæрзхъæд интернет дæттынц абоненттæн» – банысангонд у коммуникациты регулиргæнæг националон камисы информацийы.
Камисы хъусинагæй, интернеты хъæды кантролы механизмы саразыныл кусын нырид 10 мæй у цы даргъ кæны.
Уымæй уæлдай, коммуникациты регулиргæнæг камисы информацийы банысангонд у, цæмæй системæйы скусын кæныны фæстæ, камис пайдагæнæгы æрдгæй куырдиатæй цухæй, йæхæдæг бадардзæн цæст процессмæ æмæ хæлд кæм фæбæрæг кæндзæн, операторы æрдæм, закъонæй бæрæг санцитæ скусын кæндзæн. Сæ нымæцы спайда кæндзысты финансон санкцитæй.