ИНО райста резолюци, кæцы Уæрæсемæ сиды, Украинайæн агрессийæ æрхæсгæ зианы компаенсаци скæнын, резолюцийы фарсхæцджыты нымæцы ис Гуырдзыстон
ИНО райста резолюци, кæцы Уæрæсемæ сиды, Украинайæн агрессийæ æрхæсгæ зианы компаенсаци скæнын, резолюцийы фарсхæцджыты нымæцы ис Гуырдзыстон

ИНО-ы  генералон ассамблей  райста резолюци  кæцы Уæрæсемæ сиды, Украинайæн агрессийæ æрхæсгæ зианы компаенсаци скæнын.  Резолюцийæн  схъæлæс кодтой  ИНО-йы  генералон ассамблейы  94  уæнг бæстæ, сæ нымæцы  Гуырдзыстон, йæ  ныхмæ уыд  14, 74 та  хъæлæс кæнынæй  сæхи фæурæдтой.

Резолюцийы  проект  Украинайы инициргонд  уыд æмæ йæ  æмспонсор уыд дæсгай  бæстæ.

Документы дзырдæуы, цæмæй Уæрæсе  дзуаппмæ лæвæрд хъуамæ уа  Украинайы  æмæ   Украинайы  ныхмæ  æхсæнадæмон барады,   афтæма  æхсæнадæмон  гуманитарон   барады æмæ адæймаджы  барты  алы  хæлды  тыххæй.

Резолюцийы  фарсхæцджытæ Уæрæсейы  архæйдтыты  фæстиуæгæн   æрхæсгæ  зианы,  сæфты æмæ  зиан компенсаци скæнынæн  æхсæнадæмон механизм саразыны  æнæмæнгхъæуындзинадыл   ныхас кæнынц. Сæрмагондæй та,  документ  йæ хъуыдыйы  дары  реокмендаци  ИНО-йы  уæнгтæ  зианы фæдыл æхсæнадæмон   реестр  саразыны тыххæй.