Мидхæсты зæгъæн ис 7 азы сæрыл, Сирийы сахар Хомсийы реабилитацион куыстытæ райдыдтой.
Сахары цекнтры, кæцыйы хæсты рæстæджы революцийы сæйраг сахарæй хуыдтой, хæрзæфснайд цæуынц паркътæ æм сывæллæттæн та маонтаж кæнынц аттракционтæ.
Хомсийы реабилитаци ИНО-йы рæзынады программæ (UNDP) фæлгæтты цæуы æххæст. Реабилитацион куыстыты бынæттон цæрджытимæ иумæ хайад исынц (UNDP)-ы барвæндонтæ дæр.
2011 азæй 2014 азы уалдзæджы онг Хомси æрхъулагонд уыд.
ИНО-йы æмæ Сырх Дзуары инициативæйæ, Сирийы хицауад æмæ растгæты æхсæн рæстæгмæ фидыд расидтысты. Ацы периоды сахарæй сæххæст бынæттон цæрджыты эвакуаци.
600 минæй фылдæр тыхбын бынативгæ уæнг мадæлон сахар Хомсимæ 2017 азы сентябры æрыздæхт.