ИНО-йы æххæстбарджын уæнгсуæвыныл куырдиат Палестинæ сараздзæн 2018 азы
ИНО-йы æххæстбарджын уæнгсуæвыныл куырдиат Палестинæ сараздзæн 2018 азы январы. Уый фæдыл журналисттæн фехъусын кодта Палестинæйы администрацийы къухдариуæггæнæджы амонæг.
«Фæстæмæ баситдзыстæм ИНО-ы æдасдзинады советмæ, АИШ-æ та фæстæмæ вето сæвæрдзæн, мах та ногæй бахæсдзыстæм куырдиат, уый аразын адарддæр кæндзыстæм. Ай баст уыдзæн ууыл, адарддæр кæндзæн æви нæ АИШ-æ ветотæ æвæрын» – расидтис Набил Шаат.
ИНО-йы æххæстбарджын уæнгдзинадыл Палестинæйы куырдиаты бавдысты бæлвырд датæ нырма бæрæг нæу.