Илья Дыккаг – Зынгсирвæзт æнæауæрдонæй базиан кодта æнæ æрмæст Францы, фæлæ ма æнæхъæнæй Европæйы астæу заманы фидыц
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг, Францы президент Эммануэль Макронмæ æмæ Ромы Пап Францискмæ, фыстæджытæ арвыста, кæцыты мидæг Паризы мады Майрæмы аргъуаны зынгсирвæзты тыххæй хъыгдзинад æвдисы.
«Фиксир кæнæм нæ зæрдæрыст æмæ æмæнкъард знон Паризы Мады Майрæмы аргъуаны æрцæугæ зынгсирвæзты тыххæй. Тынг стыр у ацы фыдæвзарæн, фæлæ нæ ныфс ис цæмæй алцыппæт тагъд сæндидздзæн æмæ ранæуæг уыдзæн.
Хуыцауæй курæг стæм, алы адæймагы уд дæр ранæуæг уæнт æмæ сæм фæстæмæ æрыздæхæнт уырнындзинад, ныфсджындзинад æмæ уарзондзинад. Уæ номыл Хуыцаумæ кувæг Илья Дыккаг» – банысангонд у фыстæджы.
«Æппæт Дуне катайгæнгæйæ дартта йæ цæст Паризы Мады Майрæмы аргъуаны знон æрцæугæ зынгсирвæзтмæ, кæцы æнæ æрмæст ацы сахары æмæ Францы, фæлæ ма Æппæт Европæйы астæу заманы фидыц, афтæ æнæауæрдонæй базиан кодта.
Стыр у нæ зæрдæрыст дæр æмæ нæ фæнды, æмæнкъард равдисæм францаг адæмæн, Францы хицауадæн, кардиналæн æмæ алы аргъуанархайæг уæнгтæн»- дзырдæуы патриархы фыстæджы.
Зынгирвæзты фæстиуæгæн аргъуаны хъæдæй уæлхæдзар æнæхъæнæй басыгъд, фæлæ зынгвæдисонтæ Паризы Мады Майрæмы аргъуаны структурæйы бынтон скуынæгæй аирвæзын бахъом сты. Уыйимæ иумæ, аирвæзын кодтой сæйраг реликвитæ – Царддæттæгы сындзæй венец æиæ Сыгъдæг Луйы туникæ.