Илья Дыккаг - Хуыцау сфæнд кæнæт æмæ æвзæрдзинад цы ис дунейы уый æппæт зæронд азимæ ацæуæт
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Мцхета-Тбилисы сæйрагепископ, Бичъвинта æмæ Цхум-Абхазы митрополит Илья Дыккаг, цæрджытæн арфæ кæны Ног Аз.
«Арфæ уын кæнын, Хуыцауæй арфæ æмæ фæдзæхст ут!! Ног Азы хорзæх уæ уæт!
Хуыцау зæгъæт, æмæ зæххыцъарыл æвзæрдзинад цы ис уый æппæт бынсæфт куыд фæуа æмæ йæ зæронд азх куыд ахæсса йемæ. Ног Азимæ та, сабырдзинад, быхсындзинад, цыиндзинад, уарзондзинад куыд æрбынат кæнæт Гуырдзыстон æмæ æппæт Дунейы уый амонд нын æрхæссæд.
Хуыцауæй арфæ æмæ фæдзæхст ут! Омен» – хъусын кæны Илья Дыккаг ногбойнон арфæйы.