Илья Дыккаг – Гуырдзыстоны  аудын сабырад бахъахъхъæнынæн æхсызгон у, кæцы фидæны дæр  хъуамæ адарддæр уа
Илья Дыккаг – Гуырдзыстоны аудын сабырад бахъахъхъæнынæн æхсызгон у, кæцы фидæны дæр хъуамæ адарддæр уа

Æхсæнадæмон тыгъдады дæр æмæ конкретон  регионты дæр тынг уæззау  уавæр ис, ацы фоныл  Гуырдзыстоны архайд  сабырад  бахъахъхъæнынæн  у æхсызгон, кæцы фидæны дæр хъуамæ дарддæр уа – Синоды  рабадты  уынаффæмæ гæсгæйæ,  уый фæдыл Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх  Илья Дыккаг  Синоды  зноны рабадтыл райхъусын кодта.

«Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх цыбырæй  радзырдта   дунейы æмæ  Гуырдзыстоны  уавæры фæдыл:  банысан кодта, цæмæй   æхсæнадæмон тыгъдады дæр  æмæ конкретон регионты дæр уавæр  у  тынг уæззау  æмæ  тæссаг æмæ ма  ацы  фоныл Гуырдзыстоны  архайд  сабырад бахъахъхъæна  тынг æхсызгон у, кæцы фидæны дæр хъуамæ  адарддæр уа», –  банысангонд у  уынаффæйы.

Уыимæ ацы фарстайыл Синоды  рабадтыл   фæныхас кодта митрополит  Шио Муджири  дæр.

«Сыгъдæг Синоды  иумæйаг  позици  афтæ  сырæзт:  Украианйы  Уæрæсейы  хæстон архæйдтыты райдаыны фыццаг   бонтæй Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх  ахæлиу кодта  сидт  конфликт  æнæаргъæвгæйæ  аскуыныны  фæдыл, кæцы æндæр цауы бирæ уæззаудæр фæстиуæг æрхастаит.

Абон та, æввахс скæсæны  айтынггонд  фæзындтæ  фылдæр масштабон равг исынц, бæрæг у, цæмæй  арызт цæуы  глобалон  рæмыгъдтæссаг  уавæр, кæцы æппæт дунейы стыр   тасы раз лæууын кæны.

Украина æмæ Газæйы секторы цæугæ  хæстыты  фæстиуæгæн  ныридæгæ  стыр  у  амæттагы нымæц.  Æфсæддимæ иумæ  съкуыйинц æнаххос адæймæгтæ,  сывæллæттæ æмæ карджынтæ,  куынгæ кæны  инфрструктурæ, цæрæндæттæ, религион кæнæ æндæр  нысаниуæгы  бæстыхæйттæ; æмтгæй  зæгъгæйæ   фæбæрæг ис  динмæ гæсгæ  тыхмидзинады факттæ дæр.

Æвдисæм  арв  хъыгдзинад æмæ æмæнкъард хæсты фæстиуæгæн   зианбавзарджытæн.  Террор,  æнæхатырдзинад, æнæрастдзинад. Бафауинаг сты æмæ уыдæттæн æххуыс кæнæ цырын кæнын – цивилизацигонд дунейæн нæрайсгæ у.

Иу кæнæм алы  хæларзæрдæ адæймагы куывдмæ  æмæ  Хуыцауæй  курæг  стæм, сабырдзинад æрхæссæд  Украинайæн, Сыгъдæг Зæххæн  æмæ æппæт дунейæн», –  банысангонд у   уынаффæйы.

Патриархий Гуырдзыстоны  рæстдинон аргъуаны  сыгъдæг Синоды  рабадты уынаффæ публикаци абон скодта.