Илья Дыккаг Келли Дегнанимæ фембæлд – амондджын у адæм, аргъуанæн афтæ зондджын разамонæг куы ис уæд
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, хистæр аргъуанархайджытимæ иумæ, Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнанæн йæ фæсдзæуинтимæ сфысым кодта. Информаци хъусын кæны патриархи.
Патриархийы хъусинагæй, «Минæвар Илья Дыккаг интронизацийæ 44-æм юбилей раарфæ кодта æмæ бахахх кодта Катликос-Патриарх Илья Дыккагы роль, гуырдзиаг адæмы царды, нацийы, кæцы историонæй бирæдинон бæстæ у».
«Амондджын у наци, аргъуанæн ахæм зондджын разамонæг куы ис уæд», – бафтыдта ма уый.
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн хæларадæн нырид бирæ азы дæргъы истори ис æмæ хъуамæ адарддæр уа. Уыимæ иуму, Илья Дыккаг минæвар раарфæ кодта Гуырдзыстонæн æххуысы тыххæй, гуырдзиаг культурæйы цыртты æндидзын кæныны хъуыддаджы хайбавæрды тыххæй.
Патриархийы информацийы куыд дзырдæуы афтæмæй, йæхи æрдгæ Келли Дегнан бахахх кодта уыцы факт, ома уыдонæн стыр кад у хайбавæрд скæнын ахæм ахсджиаг куыльтурон цыртты ирвæзынкæныны, цахæм дæр сты Гелаты æмæ Дзуары моладзандæттæ.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ фидæн азы æххæст кæны 30 азы сæр Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн дипломатон ахастытæ райдаынæй æмæ уымæ гæсгæ план кæны æндæр æмæ æндæр хуызы активондзинæдтæ, сæ нымæцы Гуырдзыстоны регионтæм балц кæнын.