Илиа Дарчиашвилийы фидиуæнæй, Гуырдзыстон НАТО-ы уæнг паддзахадтæн нысаниуæгджын партнер у
НАТО-ы министериалы Гуырдзыстоны хайадист у уый амонæг, ома Гуырдзыстон, иуы æрдгæй у аккаг партнер НАТО-ы уæнг бæстæтæн, æмæ дыккагы æрдгæй та, æвдисы уыцы прогресс, цæмæй Гуырдзыстон фæдфæдонæй фæцæуы альянсмæ интеграцийы фæндагыл, – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, Илиа Дарчиашвили НАТО-ы фæсарæн хъуыддæгты министериалы фæстæ райхъусын кодта.
« Гуырдзыстонæн, традиционæй, регионон æдасдзинады контексты кæддæриддæр уыдис, ис йæм æмæ йæм уыдзæн иттæг нысаниуæгджын роль. Растдæр ацы ролмæ гæсгæйæ, ахсджиаг у Гуырдзыстоны хайад министериалы. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы процесс тынг конкретон, рахатинаг фæстиуæгы æрхæссæг уыдзæн нæ регионон æдадсзинады æрдгæй», – райхъусын кодта Илиа Дарчиашвили.