Илиа Дарчиашвили – Оливер Вархеймæ адæттам цæттæдзинады фæдыл хъусинаг, ома парламент бацархайдзæн дискусси уæрæх бастдзинадæй адарддæр уа æмæ Гуырдзыстоны æввахс мæйты фæуа рекомендацитыл кусын
Ауæрæхы фарстаты Еврокомиссар Оливер Вархеймæ алæвæрдтам нæ цæттæдзинад, ома Гуырдзыстоны парламент, хицаугæнæг бал бацархайдзæн, дискусси алы хайадисæг фарсы æмхайадæй адарддæр уа æмæ Гуырдзыстон куыд гæнæн ис афтæ тагъд, æввахс мæйты фæуа рекомендацитыл кусын – уый фæдыл Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили Брюсселы журналисттæн загъта.
Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдоны къухдариуæггæнæгы информацийæ, Брюсселмæ визиты рæстæджы фыццаг хай Еврокомиссийы фембæлдтæ дары йæ хъуыдыйы, иннæ хай та у НАТО-Гуырдызстоны комиссийы рабадт.
«Фыццаджы дæр, мæ фæнды банысан кæнын цæмæй ацы аз ай у мæ фыццаг визит Брюсселмæ. Дыууæйыл у визит дих: фыццаг хай рахицæнгонд у мæ фембæлдтæн Еврокомиссийы, дыккаг та НАТО-Гуырдзыстоны комиссийæн, кæцы ацæудзæн къуырийы дыккаг æрдæджы.
Абон райдыдтон фембæлдтæ Брюсселы, уыдис мын тынг цымидисон фембæлд ауæрæхы фарстаты комисаримæ, Оливер Вархейимæ. Базонын йын кодтам уыцы реформæты фæдыл, кæцытæ уагхд сты, кæцытæ фестæм. Афтæма нын уыдис фадат, фæныхас кодтаиккам уыцы рекомендацитыл кæцытæ нæм уыд лæвæрд Венецийы Комиссийæ. Ацы фарста цæй зæгъын æй хъæуы адарддæр уыдзæн, ацы конкретон рекомендациты алыварс нырид парламенты ис политикон процесс.адæттон комиссарæн нæ цæттæдзинад, ома Гуырдзыстоны парламент. Хицаугæнæг бал бацархайдзæн, уæрæх æмхайадæй,а цы процессы алы хайадисæгимæ иумæ ацы дискусси адарддæр уа æмæ Гуырдзыстон куыд гæнæн ис афтæ тагъд, æввахс мæйты фæуа рекомендацитыл кусын»- загхта фæсарæн хъуыддæгты министр.