Илиа Дарчиашвили ныфс æвæры, цæмæй евроинтеграцийы фæндагыл Гуырдзыстоны прогрессæн уыдзæн æмбæлгæ аргълæвæрд партнерты æрдгæй
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, Илиа Дарчиашвилийы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвармæ хиаргълæвæрды рафарсты дыккаг хайы алæвæрдæй фæцис нысаниуæгджын процесс, кæцыйы фæстиуæгæн каст уыдзæн Гуырдзыстонæн, Украина æмæ Молдовæйæн Евроцæдисы уæнгдзинады кандидаты статус раттыны фарста.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ рафарст æххæстæй æвдисы евроинтеграцийы фæндагыл Гуырдзыстоны сыххæст æмæ плангонд реформæтæ.
«Ныфс нæм ис, цæмæй ацы тыхархайд кæцыйы Гуырдзыстоны хицауад, алы паддзахадон уагдон æмæ дæлуагдонон бæрнадтæ ракодтой фæнысангонд анкет баххæстæй æмæ бацæттæйæ, уыдзæн дзæбæх бындур уымæн, цæмæй Гуырдзыстон райса конкретон рахатинаг фæстиуджытæ нæ бæстæйы евроинтеграцийы фæндагыл» – райхъусын кодта Илиа Дарчиашвили.
Ираклий Гъарибашвили Карл Харцеллмæ алæвæрдта Евроцæдисы рафарсты анкеты дыккаг хай.