Дунейы базарыл вакцинæты дефицит ис. Хъыгагæн, кондлад уый йас нæ рапарахат ис, цæмæй æркуырд бафсадын бахъом уыдаит, – уый фæдыл низты контролы националон центры къухдариуæггæнæгы хæдивæг Паата Имнадзе фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæйæ, ацы рæстæгмæ Гуырдзыстон дыууæ компанийæ æнхъæлмæ кæсы коронавирусы ныхмæ вакцинæмæ.
«Дунейы базарыл вакцинæйы дефицит сырæзт. Практиконæй æрмæст Израилæн ис бæрзонд аххæст, Британийæ – 30% бæрц, АИШ – 22 %, Евроцæдисæн – 7%-ы бæрц. Хъыгагæн кондад уый йас нæ рапарахат ис, цæмæй æркуырд бафсадын бахъом уыдаит. Уымæй сæвзæрдис дефицит, уый нымæцы «Ковакс» платформæйыл дæр. «Ковакс» фыццаг рывнæлдты уыцы бæстæты ифтонг кæнын, кæцытæ сты донноорон æххуысыл баст, уыдон тынг уæлбарджын æргътæй исынц вакцинæ, уыцы бæстæтæй хъауджыйæ кæцыты нымæцмæ хауæм мах дæр, хифинансдзинадæй чи сты æмæ æхца фидын вакцинæйы тыххæй. Нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсæм, кæд бафæраздзæн «Ковакс» вакцинæтæ æрбадæттын. Ацы рæстæджы афтæдæр дарддæр кæнæм бадзырдтæ æндæр æмæ æндæр вакцинæтæ-уадзæг компанитимæ, цæмæй бæстæ амалуæвгæйæ рæхджы райса æгъгъæд бæрцæй дозæтæ», – загъта Паата Имнадзе.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, ныр сеппæтæй стыр шанс ис, цæмæй Гуырдзыстон вакцинæ райса Индийæ. Уый ма банысан кодта, цæмæй бадзырдтæ цæуынц Китайимæ æмæ ныгуылæнимæ дæр.