АИШ вакцинæйы 80 милуан дозæ, æндæр æмæ æндæр бæстæйæн, сæ нымæцы Гуырдзыстонæн дæр райуардзæн
АИШ-æ коронавирусы ныхмæ вакцинæ Гуырдзыстонæн рарвитдзæн – уый фæдыл дзырдæуы Урс Хæздзары публикацигонд фидиуæны.
Фидиуæны дзырдæуы, цæмæй «Ковид-19»-ы ныхмæ вакцинæты æхсæз милуан дозæ рахицæнгонд сты регионон приоритеттæм гæсгæйæ æмæ партнертæн, сæ нымæцы Гуырдзыстонæн, Украинайæн, Мексикæйæн, Канадæйæн, Кореяйы республикæйæн, ныгуылæн донбылæн, Газæйæн, Косовойæн, Гаитийæн, Египетæн, Иорданиййæн, Иракæн æмæ Йеменæн, афтæдæр ИНО-ы æмгуыстгæнджытæн æнæхъæн Дунейы.
АИШ-ы президенты администрацийы хъусын кæнынц, цæмæй АИШ цæттæ у дунейæн æдæппæт 80 милуан вакцинæ фæхай кæна. Сæ нымæцы дозæты 75% «Коваксы» программæйæ райуæрст уыдзæн æндæр æмæ æндæр бæстæтыл. Коваксы фæлгæтты вакцинæты райуæрсты приоритетон уыдзæн Карибы Денджызы, Хуссар æмæ хуссар-хурыскæсæн Азийы æмæ Африкæйы регионтæ.
Урс Хæдзары хъусын кæнынц, цæмæй 80 милуан дозæйæ фыццаг 25 милуан дозæ райуæрст, æввахс рæстæджы райдайдзæн æмæ фыццан траншы фæлгæтты, вацинæтæ райсдзæн Гуырдзыстон дæр.