Гуырдзыстоны телеуынынады 65 азы юбилейыл Фыццаг Канал æмбæлы масштабон проектимæ [видео]

Гуырдзыстоны Телеуынынады 65 азы  юбилейыл Гуырдзыстоны  Фыццаг Канал  сегасæй масштабон   проектимæ æмбæлы. Ног адрисыл  2021 азмæ  плангонд  куыстытæ  сыххæст сты.

Раст иу афæдзы размæ  2020 азы 30 декабры, Телеуынынады  гуырæнбоны,  ног бæстыхайы  бындуры символон капсулæ  нывæрдтой.

Ацы бонæй  райдайгæ  арæзтадон куыстытæ  активонæй  цæуынц.  Ковидпандемийы тыххæй  архайæг  рад  арæнæвæрдтæм  нæкæсгæ,  апрæзтад иу бон дæр нæ ныллæууыд. Уымæй  уæлдай, уыдис  цаутæ процесс  æнæфæуромгæ 24 сахатон режимæй  куы цыд.

Уый фæстиуæгæн   иу  афæдзы  сæрыл, Телеуынынадон комплексы сæйраг бæстыхайы æмæ    павильоны  каркас,  зæгъæн ис,  фæцис.  Æмтгæй райсгæйæ инвестиргонд у  16 милуан   ларийы онг суммæ.

Процесс  фасад  куыстытæм хизы.  Параллелонæй  райдаынц  мидкуыстытæ.

Бадзырдæй  бæрæг æмгъуыдмæ гæсгæйæ,  Æхсæнадон Уацхæссæджы   ног бæстыхай  16 мæймæ  фæуыдзæн.

Уыимæ ма, Гуырдзыстоны парламент фыццаг хъусынæй  æркастис  æмæ 79 хъæлæсæй  дыууæ ныхмæ  сфидар  кодта паддзахадон   мулкы  фæдыл  законопроект, кæцымæ гæсгæ дæр,  «Паддзахадон мулкы фæдыл»  Гуырдзыстоны законы  уæвæг  паддзахадон мулкы  балхæнæг  уæнгты  ранымадмæ æфтауы  Æхсæнадон Уацхæссæг.