Гуырдзиаг сериалтæ Фыццаг Каналыл
Гуырдзиаг сериалтæ Фыццаг Каналыл

Фæззæджы сезоныл, фыццаг хатт гуырдзиаг  телетыгъдады,  Фыццаг Канал   дыууæ  ног аивадон  сериал  райдайдзæн.

Ног программæ  бынæттон  конд  сериалы  æрвылбойнонæй  банхъардзæн   аудиторийæн.  «Уарзондзинады иннæ рдгæй»,  кæцыйы  кæсджытæ нырид зонынц, 19 сентябры  дыккаг сезонæй  æрыздæхдзæн эфирмæ.  Æхсæнадæмон  форматы  гуырдзиаг   адаптаци  «Оджахи» та 21 сентябрæй райдайдзæн.

«Æхсæнадон  Уацхæссæджы æрдгæй  уый  у ноджы иу инвестици, кæцы бынæттон   сфæдыстадон  индустрийы  райрæзтæн  цæуы æххæст.  Ивгъуыд азы  11  компаниимæ æмкуыстгæнгæйæ,  контрибуци  аст милуан ларийы  бæрц уыд,  аивадон  æмæ  документон   продукты  копродукцийыл  Уацхæссæг   æрдæг милуан лари  бахардз кодта.

Афтæдæр мæ фæнды  банысан кæнын, цæмæй Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæгæн æнтыстджын æмгуыстады истори ис æхсæнадæмон масштабы  минæвæрттимæ: The Walt Disney Company, 20 Century Fox, Lucasfilm, Marvel Studios, Arte France, Rai Com S.P.A. æмæ а.д.  Нæ кæсджытæн нырид банхъарыдыстæм  «НВО»-ы  зындгонд драммæ  «In treatment»-ы æмæ  « RAI Uno »-ы  ситкомы « Una mamma imperfetta»-ы  гуырдзиаг адаптаци.  Дыууæдæр  продукт æмæ сæ  персонажтæ  Гуырдзыстоны  тынг популярон уыдысты», – райхъусын кодта Фыццаг Каналы   генералон директор  Тинатин Бердзенишвили.