Гуырдзыстоны прокуратурæ – æвзæрстыты агъоммæйы периоды æмæ æвзæрстыты боны æнхъæлмæкæсинаг фыдракæндты факттыл фæдагуырд цæуы 47 тугтæрхоны барады  хъуыддагыл
Гуырдзыстоны прокуратурæ – æвзæрстыты агъоммæйы периоды æмæ æвзæрстыты боны æнхъæлмæкæсинаг фыдракæндты факттыл фæдагуырд цæуы 47 тугтæрхоны барады хъуыддагыл

47 тугтæрхоны барады  хъуыдтаджы цæуы æвзæрстыты агъоммæйы периоды æмæ æвзæрстыты боны æнхъæлмæкæсинаг фыдракæндты факттыл фæдагуырд – уый фæдыл Гуырдзыстоны прокуратурæйы расидæн рапарахат ис.

Уагдоны информацимæ гæсгæ, фæдагуырдты райдиан оппозицион æмæ хицаугæнæг партиты, Централон æвзарæнон къамисы æмæ æнæхицауадон организациты сидтытæй, афтæ дæр медийы парахатгонд информацийæ сырæзт.

«Æхсæнадæн фехъусын кæныны тыххæй, фæнды нæ расидæм, цæмæй Гуырдзыстоны прокуратурæйы, мидхъуыдтæгты министрады æмæ сæрмагонд фæдагуырды куысты цæуы фæдæвзарæн æвзæрстыты агъоммæйы периоды æрцæугæ æнхъæлмæкæсинаг фыдракæндты фактты фæдыл æмæ æвзæрстыты бон, 47 тугтæрхоны барады хъуыддаджы, ома æвзæрстыты сайд, æвзарджыты фæндоныл æндæвдад, æвзарæнон хъæлæсæппæрсты сусæгдзинады хæлд, Æвзарджыты æхца исын, журналистон архайды къуылымпыдзинад, тыхми æмæ тæссагдзинæдтæ, мулкæн зиан æмæ скуынæг кæнын æвзарæн къамисы бынаты кæнæ æвзарæн агъоммæ кампанийы рæстæджы.

Фæдагуырдты райдайæн бындуриуæг кодта оппозицион æмæ хицаугæнæг партиты, централон æвзарæнон къамисы æмæ æнæхицауадон организациты сидтытæй, афтæ дæр медийы парахатгонд информацийæ.

Фæдæвзарæн уагдæттæ интенсивонæй æрсидтысты æмæ æрфарст кæнынц уыцы адæймæгты, кæцытæн фехъусын кодтой æвзарæнон процессы рæстæджы æнхъæлмæкæсинаг фыдракæндты тыххæй. Снысан сты æмбæлон экспертизæтæ, иртасынц видеоæрмæджытæ æмæ бæрæг кæнынц адæймæгты, уагъд цæуынц æмбæлон фæдагуырдон æмæ процессуалон архайдтытæ. Ам, бæрзонд æхсæнадон интересмæ гæсгæ, хъусын кæнæм уын, цæмæй Марнеулы 69-æм æвзарæнон участокы æвзарæнон сайды факты фæдыл дыууæ адæймаг æрцахстой.

Банысанкæнинаг у, цæмæй иуæй-иу цауты уыцы адæймæгтæ, кæцытæ æргомæй хъусын кæнынц, цæмæй сæм ис информаци æмæ бæлвырдгæнæнтæ, кæцытæ баст сты æвзарæнон процессы рæстæджы æнхъæлмæкæсинаг фыдракæндтимæ, фæдагуырдимæ нæ æмгуыст кодтой æмæ не сразы сты æмбæлон информаци раттыныл, кæцы къуылымпы кæны фæдагуырды процесс.

Гуырдзыстоны прокуратурæ сæм сиды, рæстæгыл бахæссой фæдæвзарæн структурæтæм æмæ æмгуыст кæной, цæмæй сырæза тагъд, эффективон æмæ объективон фæдагуырд» -ис фыст прокуратурæйы рапарахатгонд фидиуæны.