Бамбергы прокуррор – Германийы барадхъахъхъæнæг  оргæнты номæй,  арфæ кæнын Гуырдзыстонæн иумæйаг  фæдагурæн архйдтыты рæстæджы æххуыс æмæ фарсхæцыны тыххæй
Бамбергы прокуррор – Германийы барадхъахъхъæнæг оргæнты номæй, арфæ кæнын Гуырдзыстонæн иумæйаг фæдагурæн архйдтыты рæстæджы æххуыс æмæ фарсхæцыны тыххæй

Германийы барадхъахъхъæнæг оргæнтæ  цæттæ стæм, фидæны дæр, куыд бахъæудзæн афтæ баххуыс кæнæм  Гуырдзыстоны  прокуратурæйæн, пъæлицæйæн  æмæ æндæр компетентон оргæнтæн – уый фæдыл  Бамбергы  генералон прокуратурæйы  хистæр прокуррор Нино Голдберг  Гуырдзыстоны генералон  прокуратурæйы  ацæугæ брифингыл  раæхъусын кодта.

Афтæма йæ дзырдæй, Бамбергы æмæ Дрездены  генералон прокуратурæ  нырид  азты дæргъы,  Германийы пъæлицæйы уагдæттимæ иумæ, æндæр æмæ æндæр типы  фæдагурæн  мадзæлттæ  æххæст кæнынц  киберфыдракæнды сферæйы  организацигонд фыдракæнды  ныхмæ,  афтæма æхсæнадæмон фыдгæнæгон хызæгтимæ æмæ   фæлывдми платформæты фæдыл.

«Ацы æрдгæй  æнгом æхсæнадæмон æмгуыстад у æнæфевгъуийгæ. Бæрæг у, цæмæй ацы  фæдагурæн  архæйдтыты фæлгæтты,  куыд Гуырдзыстоны афтæ  æндæр бæстæты дæр  нырма фæдагуырд нæ фæцис. Бирæ хатт банысани, цæмæй  бацагуырд  æмæ ист сты бæлвырдгæнæнтæ,  бæрæггæнæнтæ æмæ   алы   æрдгæй  сæххæст фæдæвзарæн  архæйдтытæ.  Уымæн ма ноджы бирæ  мæй бахъæудзæни. Мах куыд Гермнаийы  барадхъахъхъæнæг оргæнтæ, пъæлицæй, цæттæ стæм, фидæны дæр  цы фæнды формæйæ баххуыс кæнæм  Гуырдзыстоны прокуратурæйæн, пъæлицæйæн  æмæ  æндæр компетентоноргæнтæн.  Ноджы иу  хатт  стыр бузныг  уын  ацы  тынг æнтыстджын  æмгуыстады тыххæй», – райхъусын кодта Нино Голдберг.

Гуырдзыстоны прокуратурæ, авд бæстæйы минæвæртты æмхайадæй, æртæ бæстæйы территорийыл, колл-центртæй цы хонынц,  уыимæ баст  транснационалон фыдракæнд  раргом кодта.