Гуырдзыстоны  прокуратурæйы куырдиатæй,   транснационалон   организацигонд   киберфыдракæнды  хызы  лидеры  æмæ йæ  ассистентæн ахстæй  æфхæрд стæрхон кодтой
Гуырдзыстоны прокуратурæйы куырдиатæй, транснационалон организацигонд киберфыдракæнды хызы лидеры æмæ йæ ассистентæн ахстæй æфхæрд стæрхон кодтой

Гуырдзыстоны  прокуратурæйы куырдиатæй,   транснационалон   организацигонд   киберфыдракæнды  хызы  лидеры  æмæ йæ  ассистентæн ахстæй  æфхæрд стæрхон кодтой –  уый тыххæй информацийы,   хæлиу кæны Гуырдзыстоны прокуратурæ.

Уагдоны информацийæ,   организацигонд   фыдгæнæг   къорды  уæнгты  Гуырдзыстоны  мидхъæуыддæгты  министрады  кусджытæ  2019 азы  8 майы,   тæрхонгæнæджы   барамынды  бындурыл æрцахстой.  Уыдонæн уыцы   бон,  Гуырдзыстоны генералон   прокуратурæ   аххосаг  бавдыста.

Прокуратурæйы  информацийæ,   ахæстты,   зылынджын кæнынц   АИШ-ы   дæсы онг компанийы  æрдæм  компьютерон   системæмæ  бхивæндæй  баирвæзын,  компьютерон системæйæ     бæрæггæнæнты    давды æмæ  сæ   æнæзакъононæй  бавæрын-ахæлиуы,   компьютерон бæрæггæнæнты  æмæ компьютерон  системæйæ  æнæзакъононæй  пайда кæнын  æмæ организацигонд  къорды фæрцы  ракæнд къæрныхдзинад.

«Комплексон транснационалон  организацигонд  киберфыдгæнæг  хызаг, кæцы АИШ-ы æмæ   дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæты  цæрæг   зианбавзарджытæй  100 милуан доллар  адавыны  тыххæй,  знаггадгæнæг программæ GozNym-æй  архайдта,  барадхъахъхъæнæг  оргæнты  æхсæнадæмон операцийы  фæстиуæгæн   ныппырх ис.

Фыдгæнæг къорды   рабæрæг кæнынæн,   цыппар æндæр æмæ æндæр  бæстæйы   къорды уæнгты  æрдæм прецедент кæмæн нæй  ахæм   тугтæрхоны  барадæй  сурын  сыххæст, кæцы  у,  АИШ-ы, Гуырдзыстоны, Украинæйы, Молдовæйы, Германийы, болгарийы, Европолы æмæ  Евроджасты æхсæн  æмкуыстдзинады фæстиуæг.

Гуырдзыстонæй,  фæнысангонд  мадзалы,  генералон прокуратурææимæ  иумæ,   мидхъуыддæгты  министрад иста  хайад.  Дыууæ азы  дæргъы,  америкаг  коллегæтимæ иумæ  уагъд цыдис  фæдæвзарæг   мадзæлттæ   транснационалон   организацигонд   киберфыдгæнæг   хызагы  уыцы  хайадисджыты рабæрæг кæнынæн  æмæ  æнæфæсайгæ  бæлвырдгæнæнтæ  ссарынæн, кæцытæ фыдгæнæг  архайдтæ, Гуырдзыстонæй   æххæст кодтой.

Америкаг   коллегæтим æиумæйаг  куысты фæстиуæгæн, идентифициргонд  сты конкретон зианбавзарæг   компанитæ  æмæ  Гуырдзыстоны уæвæг   дыууæ   гоймаг.  GozNym-ы  хызагы  лидеры æмæ   организаторы  А.К-ы (кæцы  номдзыд у фæсномæй  None)  афтæдæр  йæ  сæйраг ассистент  М.К.-ы ( кæцы   номдзыд у  фæсномæй  Phantom)  ныхмæ  райдыдта  тугтæрхонон  фæдылдзу.