Гуырдзыстоны  прокуратурæ Хазарадзе, Джапаридзе æмæ Цъеретелийы хъуыддаджы фæдыл фидиуæны  публикаци кæны
Гуырдзыстоны прокуратурæ Хазарадзе, Джапаридзе æмæ Цъеретелийы хъуыддаджы фæдыл фидиуæны публикаци кæны

Гуырдзыстоны прокуратурæ  Мамука Хазарадзейы, Бадри Джапаридзейы æмæ Автандил  Цъеретелийы  абоны тæрхоны процессы  фæдыл   фидиуæн публикаци кæны.

Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй,   зылынгæнæг  фарс абоны  тæрхоныскуыдыл,  закъондæттынадæй бæрæг æмгъуыдты  аппеляцион тæрхондоны бахъаст кæндзæн .

«Тбилисы горæты тæрхондон  æххæстæй сразы ис  зылынгæнæг фарсы  бавдыст  бæлвырдгæнæнтимæ æмæ  акцион æхсæнад «Тибиси Банкы»  сæрмагонд 16  664 000  АИШ долллары фæлывдмигæнгæйæ  хибакæныны фактыл  Мамука Хазарадзейы, Бадри Джапаридзе æмæ Автандил Цъеретелийы  Гуырдзыстоны  тугтæрхоны барады  кодексы  180-æм  статимæ гæсгæйæ,    зылынджынтыл банымадта  æмæ  сын  зылынгæнæг  уынаффæ рахаста.  Уыимæ  тæрхондон не сразы ис  зылынгæнæг фарсы  аргълæвæрдимæ,  фыдракæндыл барадон квалификацийы фæдыл, цæй  тыххæй  дæр  зылынмæ лæвæрдты  архайдмæ лæвæрд уыд  квалификаци  фæлывдмидзинады статийæ.

Фæнысангонд  тукгтæрхоны барады хъуыддагыл,  алкæцы зылынмæ лæвæрдæн, æфхæрды хуызæй   æмæ мадзалæй  стæрхон ис  ахстæй æфхæрд   авд азы æмгъуыдмæ. Гуырдзыстоны  тугтæрхоны барады процессон закъондæттынады бындурыл,  фæлывдмидзинады  фыдракæндыл тугтæрхоны барадон  сурыны  æмгъуыдтæ аивгъуыды тыххæй, уыдон ссæрибар сты  æфхæрдæй.

Æхсæнадæн бакой кæндзыстæм, ома Мамука Хазарадзейы, Бадри Джапаридзе æмæ Автандил Цъеретелийæн аххосаг бавдыст уыд   æнæзаконон   æфтиæгты   легализацийы  фактыл, Гуырдзыстоны  тугтæрхоны  барады кодексы  194-æм статийæ. Зылынгæнæг фарс, тæрхондоны абоны уынаффæйыл,  закъондæттынадæй бæрæг  æмгъуыдты  аппеляцион тæрхондоны  бахъаст кæндзæн», –  дзырдæуы   прокуратурæйы  фидиуæны.