Гуырдзыстоны парламентон делегаци Европæйы Советы парламентон ассамблейы  зымæджы сессийы  райсдзæн хайад
Гуырдзыстоны парламентон делегаци Европæйы Советы парламентон ассамблейы зымæджы сессийы райсдзæн хайад

Гуырдзыстоны  парламенты иугæндзонархайæг  делегаци, парламенты  сæрдары хæдивæг Каха Къучъавайы разамындæй, 25-29 январы  Европæйы  Советы  парламентон ассамблейы  зымæгон сессийы райсдзæн хайад.  Уый у парламентон  делегацийы  фыццаг визит, кæцы  дæсæм æрсидты  парламенты фæлгæтты  цæуы  æххæст.

Гуырдзыстоны парламенты пресс-куысты  информацийæ   сессийыл   уынафæйы  сæйраг темæ, глобалон пандеми æмæ  «Ковид-19»-ы  ныхмæ вакцинæты  фарст уыдзæн.  Делегаттæм дзырдæй раздæхдзæн  æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон организацийы  генералон  директор  Тедрос Аданом Гебрейсус.

Афтæма сæ информацийæ,  сессион  æмæ комитетон куысты  параллелонæй,  делегациты уæнгтæ ауадздзысты  бæрзонд æмвæзады  фембæлдтæ.

«Махæн тынг нысаниуæгджын у  ацы визиты  сыххæст, уымæн æмæ  ис  бирæ актуалон  фарст, хыгъдлæвæрд, кæцы  Гуырдзыстонмæ æххæссы. Хъавæм  тынг активон хайад райсын ацы касты.  Иуæй-иу нысаниуæгджын   кæцы фыццаг  бон уыдзæн бавдыст, у Евросоветы  цæстдарæгон  миссийы  хыгъдлæвæрд  2020 азы  æвзæрстыты тыххæй.  Мах афтæдæр нысаниуæгджыныл нымайæм   мониторингы хыгъдлæвæрд  æмæ уыцы  æвæрццаг аргълæвæрдтæ,  кæцы  бавдыст сты  Гуырдзыстонмæ гæсгæ» –  райхъусын кодта Страсбругмæ ацыды размæ  делегацийы разамонæг  Каха Къучъава.