Гуырдзыстоны парламентон делегаци Европæйы Советы парламентон ассамблейы зымæджы сессийы райсдзæн хайад
Гуырдзыстоны парламенты иугæндзонархайæг делегаци, парламенты сæрдары хæдивæг Каха Къучъавайы разамындæй, 25-29 январы Европæйы Советы парламентон ассамблейы зымæгон сессийы райсдзæн хайад. Уый у парламентон делегацийы фыццаг визит, кæцы дæсæм æрсидты парламенты фæлгæтты цæуы æххæст.
Гуырдзыстоны парламенты пресс-куысты информацийæ сессийыл уынафæйы сæйраг темæ, глобалон пандеми æмæ «Ковид-19»-ы ныхмæ вакцинæты фарст уыдзæн. Делегаттæм дзырдæй раздæхдзæн æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы генералон директор Тедрос Аданом Гебрейсус.
Афтæма сæ информацийæ, сессион æмæ комитетон куысты параллелонæй, делегациты уæнгтæ ауадздзысты бæрзонд æмвæзады фембæлдтæ.
«Махæн тынг нысаниуæгджын у ацы визиты сыххæст, уымæн æмæ ис бирæ актуалон фарст, хыгъдлæвæрд, кæцы Гуырдзыстонмæ æххæссы. Хъавæм тынг активон хайад райсын ацы касты. Иуæй-иу нысаниуæгджын кæцы фыццаг бон уыдзæн бавдыст, у Евросоветы цæстдарæгон миссийы хыгъдлæвæрд 2020 азы æвзæрстыты тыххæй. Мах афтæдæр нысаниуæгджыныл нымайæм мониторингы хыгъдлæвæрд æмæ уыцы æвæрццаг аргълæвæрдтæ, кæцы бавдыст сты Гуырдзыстонмæ гæсгæ» – райхъусын кодта Страсбругмæ ацыды размæ делегацийы разамонæг Каха Къучъава.