Гуырдзыстоны ноджы иу зæххæнкъуыст æрцыд
Гуырдзыстоны  ноджы иу зæххæнкъуыст æрцыд

Цалдæр минуты размæ  Гуырдзыстоны  ноджы иу зæххæнкъуыст æрцыд.

Зæххыцъары бацахуыргæнæг  зонæдты  æмæ сейсмологион   мониторингы   националон  центры  Фыццаг Къаналæн куыд райхъусын кодтой афтæмæй,   зæххæнкъуысты эпицентр   уыдис  Сомихыстоны  территорийыл, æрмæст йæ магнитуда та   развæлгъау  бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ  аххæссыд  – 3,8-мæ. Сейсмологион  мониторингы   националон   центры  информаци  ацы  минутты  бæрæг кæнынц.

Гуырдзыстон-Сомихыстоны паддзахадон арæнмæ  хæстæг,  зæххæнкъуыст абон сæумæрайсом дæр æрцыд.

Зæххыцъары бацахуыргæнæг  зонæдты  æмæ сейсмологион   мониторингы   националон  центры хъусинагæй, абон 6  июны, Тбилисы рæстæгæй 07:58  сахатыл, Гуырдзыстон-Сомихыстоны  паддзахадон арæнæй  8 км-ы дæрццæг,   3,9 (ML) магнитудæйы  асы  зæххæнкъуыст æрцыд.

Афтæм  зæххæнкъуыст уыд  5  июны дæр. Тбилисы рæстæгæй 22:40  минутыл, Азербайджаны, Гуырдзыстоны  паддзахзадон  арæнæй  28 км-ы  5,6 (ML) магнитудæйы  асы  зæххæнкъуыст æрцыд.  Æсхуыстытæ рахатыдысты  Тбилисы  цæрджытæ  дæр.