Гуырдзыстоны   Националон Банкъ,   виртуалон валютæты  тыххæй æмбæстæгты фæдзæхсы
Гуырдзыстоны Националон Банкъ, виртуалон валютæты тыххæй æмбæстæгты фæдзæхсы

Фæстаг периоды  дунейы  виртуалон  (криптографикон)   валютæтæ   популярон кæнынц.  Уый  фæдыл  Гуырдзыстоны   Националон Банкъ,  æмбæстæгты фæдзæхсы.

«Виртуалон   валютæ Гуырдзыстоны   нæу фидтоны  закъонон   фадат.  Уыйимæ баст  архайд  регулиргонд нæ цæуы  Гуырдзыстоны  закъондттынадæй,  уый тыххæй  дæр  виртуалон  валютæ  нæу   Националон Банкъы  регулиркæнынады  сферæ.

Виртуалон  валютæмæ  гæсгæ  хъусдардæн райсæн сты ахæм   аууæлттæ:

  • Абон архайæг виртуалон валютæты  æргътæ  тынг  ивгæ  сты,  кæцымæ  гæнæн ис æндавыв   спекуляцион  æнхъæлцытæ.   Уый тыххæй  виртуалон валютæты  æргътæ æнæстабилон кæй  сты,  уыдонæй пайдагæнджытæ  сты  потенцион   зианы   раз.

 

  • Виртуалон валюæтыт  цауы,  нæй централон   орган, кæцыйы  тыххæй,   пайдагæнджыты   проблемæты/дауты аскуыддзаг,  нысаниуæгджынæй  фæзын уыдзæн.

 

  • Виртуалон валютæтæй  базар кæныны  нысаниуæгджын хай,  ивгæ  платформæты  æмæ  цифрон  æхцадæтты фæрцы  цæуы æххæст,  кæцытæ æндæр æмæ æндæр бæстæты   арызт сты  æмæ сæ барадон  статус,  арæх бæрæг нæу.   Уый тыххæй дæр,  пайдагæнджытæ,  кæцытæ  ахæм   платформæтæй  пайда кæнынц,  æндæр æм ææндæр операциты  сæххæст кæнынæн,   гæнæн ис   æрлæууой куыд барадон, афтæ финансон   рсикъыты  раз.  Афтæма  ахæм платформæтæ   сты кибер-бырсты   потенцион мысæнттæ.

 

  •  Виртуалон валютæйы   анонимондзинад/псевдо-анонимондзинад   химæлвасæг кæны   уый  æнæзаконон  архæйдтытæн,  уый нымæцы  æхцйайы ссурс кæнынæн.

Националон Банкъ  сиды  æмбæстæгтæм,  виртуалон  валютæты  спайдайæ,  равдисой   хъавгæдзинад æмæ  сæ зæрдыл дарой  уæлдæрбанысангонд  аууæлттæ» – дзырдæуы  Националон Банчъы фидиуæны.