Гуырдзыстоны  Националон Банкъ Регбийы  темæйыл  5 ларийы номиналы сыгъзæрины  æмæ æвзист коллекцион згъæрæхцатæ  рауагъдта [фото]
Гуырдзыстоны Националон Банкъ Регбийы темæйыл 5 ларийы номиналы сыгъзæрины æмæ æвзист коллекцион згъæрæхцатæ рауагъдта [фото]

Гуырдзыстоны  Националон Банкъ  Регбийы   темæйыл   5 ларийы  номиналы сыгъзæрины  æмæ æвзист  коллекцион згъæрæхцатæ  рауагъдта.

Згъæрæхцатæ  абон   Националон Банкъы президент  Къоба Гвенетадзе   бавдыста. Мадзалыл  уыдысты  Гуырдзыстоны   регбистты националон æмбырдгонды уæнгтæ,  æмбырдгонд сæйраг  трнер Мильтон Хейг, афтæдæр  парламенты   финансон-бюджетон   комитеты   сæрдар Ираклий Ковзанадзе,  дипломативон корпусы   минæвæрттæ æмæ  æндæр   хуынд уазджытæ.

Къоба Гвенетадзе  мадзалыл  регбист  Мамука Горгодзейæн   балæвар кодта   сыгъзæрин  коллекцион монетæ,  æрмæст æмбырдгонды  уæнгтæн  та алкæмæн  æвзист монетæтæ.

Националон Банкъы информацийæ,   згъæрæхцаты дизайныл куыстой  Мамука æмæ Нита  Гонгадзетæ.  Монетæтæ æрцæттæ  кодтой  Лиетувæйы.

Ног коллекцион  згъæрæхцаты уæййаг  райсомæй  29 августæй   разындзысты.  Сæ балхæнын  гæнæн уыдзæн   куыд Националон банкъы  кассæйы  центры æмæ Хъуарелы  æхцайы  музейы, афтæ Националон Банкъы онлайн-дуканийы фæрцы.