Гуырдзыстоны Националон Банкъ рефинансирдзинады хайад фæфылдæр кодта 7.25 %онг
Гуырдзыстоны Националон Банчы монетарон политикæйы комитет рефинансиркæныны хайад 25 бындурон пунктæй, 7.25 проценты онг фæфылдæр кодта. ГНБ-ы информацийæ, уæвæг прогнозæй инфляцийы æвдисæг 2018 азы райдианæй, рæстæгмæ факторты фæудимæ иумæ, каддæр кæнын райдыдта.
Националон Банчы хъусинаджы куыд у банысангонд афтæмæй, комитеты раззаг рабадты фæстæ, банкъаринагæй фæасламдæр ис номиналон эффективон ивæн къурс, кæцы раздæры прогнозтимæ абаргæйæ, фæфылдæр кодта æлхъывдад инфляцимæ ( ахæм сценарий кастæуыд монетарон политикæйы 2017 азы ноябры хыгъдлæвæрды).
Афтæма фæстаг дыуæ мæйы базары иртасыны индикатор инфляцион æнхъæлцыты рæзт амоны, æрмæст экономикон активты æнхъæлмæкæсинагæй фылдæр фæхуыздæр кæнын, лæмæгъдæр кæны æркуырды æрдгæй инфляцийы фæкаддæры фадат.
Уæлдæрбанысангондæй бæрæг у, астæуæмгъуыдджын периоды инфляцийы фæкаддæры нысанæй, фæбæрæг ис монетарон политикæйы реагирдзинады æнæмæнгхъæуындзинад. Ацы этапыл комитет аскуыддзаг кодта политикæйы хайады 25 бындурон пунктæй фæылдæр кæнын. Монетарон политикæйы фæдылдзог фæкарз кæныны ас æмæ æмгъуыд, баст уыдзæн ууыл, цæмæй куыд тагъд фæкаддæр уыдзæн номиналон эффективон ивæн курсы æрдгæй цæугæ æргътæм æндæвдад.
Ноябры афæдзон инфляци 6.9 процент уыдис, кæцы расидæг æндæр фактортимæ иумæ æссис, цæугæ азы дыккаг æрдæджы нефты æхсæнадæмон æргъты 40% фæлгæтты рæзт. Иухаттон факторты, уый нымæцы акци акцизон фидтæнты рæзты, æндæвдад инфляцийы æвдисæгæй зæгъæн ис 3 процентон пукнтмæ æххæссы. Фæнысангонд факторты нейтрализацийы фæстæ, æндæр æмбæрц уавæрты æнхъæлмæкæсинаг у, цæмæй 2018 азы райдианы, инфляцийы æвдисæг фæкаддæр уыдзæн.
Монетарон политикæйы комитеты фæдылдзог рабадт, уагъд æрцæудзæн 2018 азы 31 январы.