Гуырдзыстоны, Молдовæйы æмæ Украинайы территорион æнæзхъæндзинады æмæ Европаг перспекивæйæн фарсдарын - цы дары йæ хъуыдыы резолюци, кæцыйы иницирдзиад нæ бантыст гуырдзиаг оппозиционерты æмæ Украинайы делегацийы дæуды тыххæй
Гуырдзыстоны, Молдовæ æмæ Украинайы территорион æнæхъæндзинады, Евроцæдисы уæнгсуæвыны перспективæйæн фарс рахæцын, сидт Уæрæсемæ, акæна æфсæддон тыхтæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территорийæ, Украинайы æфсæддон архæйдтыты æнæаргъæвгæйæ фæурæд – ацы фарстатæ ис резолюцийы, кæцыйы иницирдзинад гуырдзиаг оппозиционерты æмæ Украинайы делегацийы нæзагъды тыххæй, «Евронесты» парламентон ассамблейыл нæ бантыстис.
Резолюцийы проектæй, «Евронесты» парламентон ассамблеяйы сесси хахх кæны, цæмæй абон Евроцæдис æмæ Хурыскæсæн партнерады бæстæтæ бахаудзысты Европæйы æдадсзинады архитектурæйы æмæ æхсæнадæмон уагæвæрды бындурæвæрд сæрфады критикон этапмæ;фæлхатт кны йæ арф мæстыдзинад Украинайы ныхмæ Уæрæсейы цæугæ æххæстмасштабон æфсæддон агрессийы тыххæй æмæ ноджы иу хатт бæлвырд кæны йæ æнæцудгæ солидарондзинад Украинаимæ; фæлхат кæны йæ арф мæстыдзинад Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны æнæраскъуынгæ регионты Абхазы æмæ Цхинвалы Регион/Хуссар Ирыстоны оккупацийы тыххæй æмæ йæ стынггонд анексийы тыххæй, кæцы иумæ у Европæйы суверенон паддзахады арæнтæ, тыхгæнгæ фæивыны дырыс архайд; Фæлхат кæны Евроцæдисы иузæрдыдзинад Гуырдзыстоны, Молдовæйы Республикæйы æмæ Украинайы суверенитетмæ æмæ трриторион æнæхъæндзинадмæ, сæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты æмæ йæ фарс хæцы сæ тыхархайдæн ацы принципты кæронмæ сыххæст кæнынæн; сиды æхсæнадæмон æмгарадмæ, стынг кæна Гуырдзыстоны, Молдовæйы Республикæйы æмæ Украинайы суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинадæн цылæвæрд, фæурома Уырыссаг аресси æмæ бахъахъъхæна Европæйы æдасдзинад.
«Сиды Евроцæдисы институттæм æмæ уæнг бæстæтæм, саразой нысаниуæгджын къахдзæфтæ, цæмæй сифтонг кæной уый æмæ Уæрæсе сыххæст кæна йæ хæстæ Евроцæдисы æхсæны бацыдæй баххæсгæ 2008 азы 12 августы æхст фæурæды фæдыл бадзырдмæ гæсгæйæ. Сæрмгаондæй та акæна йæ æфсад æмæ æдасдзинады тыхтæ Гуырдзыстоны территорийæ æмæ Евроцæдисы цæстдарæг миссимæ лæвæрд уа Уæрæсейы оккупацигонд Гуырдзыстоны регионтæм æнæкъуылымпыйæ бацæуыны бар йæ мандатмæ æмбæлгæйæ; сиды Евроцæдисы институттæм æмæ уæнг бæстæтæм адæймаджы барты Европаг тæрхондоны ист уынаффæты æмæ тугтæрхоны барады æхсæнадæмон тæрхондны фæдагуырдмæ æмбæлгæйæ, спайда кæной терминæй «оккупаци» Гуырдзыстоны регионты, Абхаз æмæ Цхинвалы регионмæ гæсгæ, кæцытæ æнæзакъононæй сты оккупацигонд Уæрæсейы æрдгæй æмæ сты йæ контролы дæлбар» – дзырдæуы проекты.