Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 466 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 944 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 466 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 944 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  466 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 2 944  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 15 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  5 234   адæймагæн, сæ  нымæцы – 3 410антигены тестæй  æмæ   1 824   та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 8,9%,, фæстаг 14 боны –  15,34%,  фæстаг  7 боны  – 12,36%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 635 975    цау, уыдонæй  1 588 829  сæнæниз сты, 16 569  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 833 144 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 124.

Знон, 13 марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  823    ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  1 445  пациент, 24 адæймаг та  амард.