Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 4 775  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 19 242  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 4 775 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 19 242 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  4 775 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 19 242   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 32 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  18 351    адæймагæн, сæ  нымæцы –  11 329  антигены тестæй  æмæ   7 022  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 26,02%, фæстаг 14 боны –  31,28%, фæстаг  7 боны  – 29,97%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 553 668  цау, уыдонæй  1 407 776   сæнæниз сты, 15 888   та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 797 346   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 342.

Карантины режимы сты 12 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 585, клиникон фысымуаты ис  896  уæнгы.

Знон, 20 февралы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  9 400    ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  18 770    пациент, 34  адæймаг та  амард.