Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 842  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 777 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 842 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 777 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  3 842  ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 777   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 31 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  34 000 адæймагæн, сæ  нымæцы –  21 147  антигены тестæй  æмæ   12 853  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 11,3%, фæстаг 14 боны –  7,45%, фæстаг  7 боны  – 9,17%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   959 874  цау, уыдонæй  912 443     сæнæниз сты, 14 187  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 551 413  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 5 001.

Карантины режимы сты 51 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 418, клиникон фысымуаты ис  1 493  уæнгы.

Знон, 8  январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  2 622   ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  1 126  пациент, 28 адæймаг та  амард.