Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 410 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 4 732 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 3 410 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 4 732 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 46 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 37 714 адæймагæн, сæ нымæцы – 20 679 антигены тестæй æмæ 17 035 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 9,04%, фæстаг 14 боны – 8,63%, фæстаг 7 боны – 8,33%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 865 293 цау, уыдонæй 806 596 сæнæниз сты, 12 344 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 234 180 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 7 413.
Карантины режимы сты 36 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 458, клиникон фысымуаты ис 1 242 уæнгы.